Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы ахуыр кæны 150 студентæй фылдæр
Цæмæй хæрзад хъæбынтæ фынгыл æрæвæрай, уый тыххæй уал хъуамæ хыссæ раст скæнай. Æппæтæй хуыздæр сын у фыцгæ хыссæ. Уый æнцон тъæпæнгæнæн у æмæ сфыцыны фæстæ дæр фæлмæн вæййы. Лабораторон куысты дыккæгæмкурсонты ахуыр кæнынц хъæрмхуыппытæ æмæ ссадæй хæринæгтæ кæнын. Раст алыг кæнынæй райдай æмæ цæттæ кæныны æмгъуыдæй фæуы — алцыдæр зонын хъæуы. Кулинарон лаборатори базарадон-экономикон колледжы байгом кодтой дыууæ азы размæ. Сифтонг æй кодтой хъæугæ мигæнæнæй. Ныр, дæсны зондамонджыты æххуысæй, студенттæ æрвылбон дæр исты ногдзинæдтæ базонынц. Беслæны раздæры профессионалон училищæ 2021-æм азы сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы æртыккаг корпус. Ам ахуыр кæны 150 адæймагæй фылдæр. Цыппар азы дæр нæма рацæуы, афтæмæй æрыгон хæринаггæнджытæ, кондитертæ райсынц дипломтæ. Арæзтадон факультеты ахуыры æмгъуыд та у афæдз æмæ дæс мæйы. Кусæг дæсныйæдтæн дæр фæнд кæнынц лаборатори байгом кæнын. Беслæны колледжмæ, районæй уæлдай, ссæуынц Кировы районæй æмæ суанг Кæсæг-Балхъарæй дæр. Ам фидарæй зонынц, фидæны рауагъдонты зонындзинæдтæ ахуыры хæрзхъæддзинадæй аразгæ кæй сты, уый. Уый тыххæй йын йæ æмвæзад æппынæдзух уæлдæр кæнынц.