Раздзоджы дарддæр æххæст кæнынц мæгуырдзинады ныхмæ арæзт программæ
Раздзоджы дарддæр æххæст кæнынц мæгуырдзинады ныхмæ арæзт программæ. Уый фæдыл бынæттон цæрджытæн байуæрстой стурвос. Проект кусы фæлварæны хуызы. Спайда дзы кодтой йæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, ахæм бинонтæ. 14 дзы райстой стурвос. Ноябры 19 сæры байуæрстой 11 бинонтыл. Декабры та 3 бинонтæ райстой 6 сæры. Проектмæ гæсгæ, бинонтæй иу адæймагæн йæ æфтиæгтæ фæцæрынæн æхцайы æппынкъаддæр бæрцæй къаддæр куы уой, уæд сын ахæм æххуыс уыдзæн ахадгæ. Æхсыры продукцийæ конд сæхи нæ, фæлæ ма сын æй ауæй кæныны фадат дæр уыдзæн. Республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй алы бинонтимæ дæр фыст æрцыд социалон бадзырд. Фосы мыггаг ис сæрмагонд хыгъды, ис сын конд прививкæтæ æмæ арæзт фæдзæхстадон гæххæттытæ. Ныртæккæ бынæттон администраци агуры фосæн хизæн сæрвæттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Раздзоджы дарддæр æххæст кæнынц мæгуырдзинады ныхмæ арæзт программæ
Категория:
Новости и СМИ