Æнцонвадат цардыархайды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

"Æнцонвадат цардыархайды" программæ нæ бæстæйы зонгæ у алкæмæндæр. Йе руаджы йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у уыцы адæмæн 2011-æм азæй арæзт цæуынц хъæугæ уавæртæ. Программæ æххуыс у инвалидтæн реабилитаци ацæуын, куыст ссарын æмæ сæрмагонд ахуыртæ райсын. Фæлæ сæйрагдæр ахады æхсæнадон бынæттæм æнцонæй бахауыны мадзæлттæ саразыныл. Не сфæлдыстадон къорд базыдта, æмæ сбæрæг кодта программæйы руаджы цы ивддзинæдтæ рцыд, уый. Джаник Аракелян фыццаг группæйы инвалид у. Йæ фатер фыццаг уæладзыджы ис. Æнæ искæй æххуысæй йæ бон уынгмæ рацæуын нæу, уымæн æмæ дзы пандус нæй. Асинтæй æрхизын та йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæймагæн лæгæвзарæн фæлварæны хуызæн вæййы. Джаникмæ йæ йæ фыд фæкæсы. Ууыл та 80 азы цæуы Аракелян: Æнæ ныййарджытæй, хи æгъдауæй æрхизыны фадат нын нæй. Ныййарджытæ бирæ цæрæнт, фæлæ уыдон дæр æппынæдзух нæ уæлхъус нæ уыдзысты. ФЫД: Нæ хæдзармæ бацæуæны асиныл æхсæз къахæвæрæны ис. Хибарæй сыл йæ бон нæу ахизын, æз та сындæггай æсæ æрæгмæ фæархайын, уæдæ цы кæнæм. Æхсæнадон бынæттæн сæ уавæр хуыздæр у. Уагдæттæ сифтонг кодтой пандустæй æмæ лифттæй. Зæгъæм, Ирон Театры хорз æмбарынц инвалидты уавæр, æмæ бацархайдтой ног лифт саразыныл. Ам бацæуæнтæй уæлдай, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у ,уыдонæн залы скодтой сæрмагонд бынæттæ. Базарадон центр "Забавæмæ" цæмæй бацæуай, уый тыххæй хъæуы кнопкæйыл бахæцын æмæ дæм, æнæмæнг, исчи рацæудзæн. Фæлæ цæмæй тæрхæджытæм бахауай, уый тыххæй бахъæуы бирæ уæлæмхасæн агъуыстыты рæзты ацæуын. Уый та хъизæмар у, сæттынц инвалидтæ. Реабилитацион центры æмбарын кæнынц - йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы бартæ хъахъхъæнын хъæуы. Сæйрагдæр та сын æнцонвадатæн уавæртæ аразын. Советон рæстæджы арæзт бæстыхæйтты уый зын сæххæст кæнæн ис. Афтæмæй та Дзæуджыхъæуы хæдзæртты æмæ бæстыхæйтты фылдæр хай уыцы дуджы арæзт æрцыдысты. Дзæуджыхъæуы аэропорты дæр инвалидтæн хъæугæ уавæртæ конд нæй. Зæгъæм, коляскæйы чи бады уыдон хæдтæхæгмæ цæмæй бахауой, уымæн фадæттæ нæй. Статистикæмæ гæсгæ республикæйы ис йæ бон æнæ искæй æххуысæй архайын кæмæн нæу, ахæм 700 адæймаджы. Алкæй дæр сæ фæнды иппæрд куыд нæ уа, уый. Фæлæ цалынмæ асинтæ æмæ бордюртæ сæ фæндагыл уой, уый зын банкъарæн у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æнцонвадат цардыархайды

Категория:

Новости и СМИ