Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы реставраторты цæдисы президент Вячеслав Фатин æмæ Петр Павловимæ
Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы реставраторты цæдисы президент Вячеслав Фатин æмæ куыстуат «СКИФОС-РСК»-йы разамонæг Петр Павловимæ. Æрныхас кодтой Беслæны 1-æм скъолайы терроризмы ныхмæ æппæтадæмон культурон-патриотон центры проектыл. Вячеслав Фатин куыд фæнысан кодта, афтæмæй, пъланмæ гæсгæ, бæстыхайæ цы баззад, уыцы хӕйтты хуыз бахъахъхъæндзысты. Иннæ хæйттæ та ногæй сараздзысты сæ раздæры хуызмæ гæсгæ. Стæй дзы дарддæр скӕндзысты мемориалон æмæ историон центр. Скъолайы бæстыхай сцалцæг кæндзысты, музейæн та бацӕттӕ кӕндзысты уæлæмхасæн бæстыхай. Уымæн бахъæудзæн 220 милуан сомы. Объект цæттæ уыдзæн 2023 азы кæронмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, ӕмӕ проектæн рауӕлдай кодтой фæрæзты фыццаг хай- 75 милуан сомы. Æмбæлгæ уынаффæ августы бафыста Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv