Наркотикты ныхмæ
Наркоманйы ныхмæ тох кæныны фарстатыл дзырдтой абон республикæйы Фæсивæдон парламенты. Æмбырды архайдтой наркотиктæ уæй кæнынмæ цæстдарæг управлени, наркотикты ныхмæ къамис, росздравнадзоры уæнгтæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл республикон комитеты минæвæрттæ. Ныхас цыд фæсивæдон змæлды архайды тыххæй, наркоманийы профилактикæ æмæ наркотикты ныхмæ хъомылады. Архайджытæ куыд фæнысан кодтæй, уымæ гæсгæ ацы куысты хъæуы æппæт бæрнон уагдæттæ æмæ æхсæнадон организациты тыхтæ баиу кæнын. Фæбæрæг ма кодтой фæсивæдон парламент афтекон наркоманийы ныхмæ æмæ наркотиктæ цы зайæгойты ис, уыдон цы бынæтты заййынц, уый рабæрæг кæныныл кæй архайынц, уыцы куыст ахсджиаг кæй у. Наркотиктæ уæй кæнынмæ цæстдарæг управленийы разамонæджы хæдивæг Сергей Симонянцы ныхæстæм гæсгæ, термин «афтекон наркомани» сабыргай сæфы. Фæлæ наркотикты æмрæнхъ цы хостæ ис, уыдон уæддæр фæсаууонæй уæй кæнынц. Ахæм закъонхалджытæ сарæх сты. Фембæлды ма сбæрæг кодтой фидæны азмæ æмгуыстады пълантæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, наркотикты ныхмæ рейдтæ æмæ профилактикон мадзæлтты Фæсивæдон парламенты архайды тыххæй дзырдта Битарты Вячеслав наркотикты ныхмæ республикон къамисы æмбырды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Наркотикты ныхмæ
Категория:
Новости и СМИ