Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады инспекцийы кусджытæ æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Джыбылаты Зауыры ном

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

4 года назад

Абон у Уæрæсейы хъайтар Джыбылаты Зауыры райгуырæн бон. Патрулон службæйы кусæг йæ цард радта адæмы мæлæтæй бахъахъхъæнынæн. Йæ рухс ном ын ссардтой Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады инспекцийы кусджытæ. Ныфсхаст офицеры цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрдтой, йæ номыл иу минут æдзæмæй алæууыдысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Джыбылаты Зауыр фæмард 23 октябры 2012-æм азы Чермены посты, машинæ бæрæггæнгæйæ. Уыди дзы рæмудзæн æрмæг æмæ йæ, барадхъахъхъæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдгæнджытæ хъуамæ срæмыгътаиккой Дзæуджыхъæуы. Офицер Джыбылаты Зауыр 40 кг тротилæй ифтонг хæдтулгæ республикæйы арæны сæрты не ’рбауагъта. Радтой йын Уæрæсейы хъæбатыры ном йæ амæлæты фæстæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv