Туризмы федералон агентады разамонæг Дыгъуызты Зæринæ кусæг балцы ссыд Цæгат Ирыстонмæ
Туризмы федералон агентады разамонæг Дыгъуызты Зæринæ кусæг балцы ссыд Цæгат Ирыстонмæ. Фыццаджыдæр фембæлд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ. Ныхас кодтой регионы туризмы райрæзтыл. Æркастысты республикæйы проекттæ æххæст кæныны фарстатæм. Бæлвырддæр дзургæйæ, национ ног проект «Туризм и индустрия гостеприимства»-йыл. Ахæсдзæн 2024-æм азмæ. Йæ райрæзтæн федералон бюджетæй рахай кæндзысты 199 миллиард сомы. Уæрæсейы туризмы агентады разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ис рæсугъд æрдз, хъæздыг культурæ æмæ истори. Уымæ гæсгæ республикæйы æппæт уавæртæ дæр ис туризмы рæзтæн. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй сæйрагдæр у Цæгат Ирыстонмæ туристты æргом раздахын. Ахсджиаг у маршруттыл бакусын. Экскурси амонджыты профессионалон æмвæзадыл бацæттæ кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv