Риссагдæр фарстатыл
Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Æрæфы районы цæрджытимæ. Ацы хатт байхъуыста Сырх-Дыгур æмæ Лескены цæрджытæм. Иууыл ахсжиагдæр æмæ риссагдæр фарстатæ уыдысты медицинон кусджытæй ифтонгад æмæ транспортæй цух. Ноджы ма цæуыл дзырдтой æмæ æппæт тыхстдзинæдтæ куыд ис фервæзæн, уымæ байхъуыстой нæ уацхæсджытæ дæр. Нæ программæйы æрмæг - Æрæфы районæй. Изæры 6 сахаты, бæстыхайы адæмæй къахбавæрæн дæр нæй. Алкæй дæр фæнды, цы ахсджиаг фарстаимæ æрбацыд, уый республикæйы сæргълæууæгмæ радтын. Бирæ æнхъæлмæ кæсын сæ нæ бахъуыд. Куыддæр Битарты Вячеслав къæсæрæй æрбакъахдзæф кодта, афтæ æрбацæуæг адæм кæрæдзийы ныхас скъæфгæйæ нымайын райдыдтой хъæуы риссагдæр фарстатæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй бæрцæй чысыл не сты. Хъæуы нæй дохтыр, уæдæ хи хæдзарад хиуыл ныффидар кæныны гæххæтытæ скæнын дæр сын æнцон нæу, хъæуы фæсивæд æгуыстæй бадынц. Нымад сæ чи фæуыдзæн... Амбулаторийы æрдæгкæлдтытæ бæстыхай ногæй раивынæй сын зæрдæ бавæрдтой. Уæдæ сæм дохтыртæ дæр сентябры фæзындзæн. Дарддæр уазджытæ абалц кодтой Лескенмæ. Фæндагыл Битарты Вячеслав æрлæууыд Цыколайы. Бафæндыд æй хи цæстæй фæндаджы цалцæг фенын. Базилын ын хъæуы канд йæхимæ нæ, фæлæ ма йæ фарсмæ цы къахвæндæгтæ ис, уыдонмæ дæр. Æппæт уыцы куыстытæ бакæнын хъæудзæн æвæстиатæй, фæлæ æхцайы фæрæзтæ ацы хъуыддагæн хъуамæ алы рæттæй радих кæной. Зæгъæм, фæндаджы былгæрæтты къæйдуртæ хъуамæ районы бюджетæй сног кæной. Фæлæ се `вæрæнты æхца нал аззад. Стыр тыхстытæ адæмæн æвзарын кæнынц æрдзон газ æмæ доны фарстатæ дæр. Алцы æмбæлгæ уагыл куы уаид, уæд сæ кой дæр ничи кодтаид. Фæлæ та ацы ран дæр хъуыддаг æрæнцад æхцайы фæрæзтыл, куыд рабæрæг, афтæмæй аслам нæу. Фæлæ цæрджыты уый нæ баурæдта, бавдæлдысты æмæ дыууæ километры фалдæр Даргомы ссардтой суадон. Хъæуы дзы æрмæст доны хæтæлтæ `руадзын. Битарты Вячеслав дзуапп бадомдта, ацы хъуыддаг кæмæ хауы, уыдонæй. Хъæуы нæй зынгхуыссыныгæнæн пункт дæр. Уый тыххæй иу æмæ дыууæ хæдзары нæ бавзалы сты. Чи сæ ахуыссын кодтаид, уый нæ уыд. Иу ахæм цауы тыххæй уал хъæуы цæрæг иу бинонтæ сыгъд къулты `хсæн аззадысты. Ныхасы бар айста фæсивæд. Цы кусой, уый сын нæй, уымæ гæсгæ хуыздæр цардагур цæуынц æндæр рæттæм, хъæуы сæ æппындæр ницы уромы. Ахуырады рæзт дæр цавддурау аззад, ницы ивддзинад дзы цæуы. Адæм бацагуырдтой банкомат дæр. Се `фтиæгтæ исынц банчы картæтæм, фæлæ сæ æхца сисыны тыххæй цæуын бахъæуы Цыколамæ. Æмæ уый та йæхæдæг дæр фæлварæн у, транспорт кæй нæй, уый тыххæй. Фембæлд адæргъвæтин ис 3 сахаты. Уыцы рæстæгмæ Битарты Вячеслав байхъуыста Æрæфы районы 30 цæрæгмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ Цæгат Ирыстоны хъæуты цæрджытимæ суанг афæдзы кæронмæ дæр цæудзысты. Гæззаты Зæринæ. Виктория Базгадзе, Гаппуаты Хетæг, Ирыстоны хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Риссагдæр фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ