Бырынцъаг фæндæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

Фæндæгтæ бырынцъаг кæй сты, уый тыххæй нæ республикæйы цæрджытæ арæхдæр бацагурынц травматологон пунктты дохтырты æххуыс. Фæстаг дыууæ куыримæ сæ бæрц дыууæ хатты фæфылдæр. Фæндæгтæ, тротуартæ, асинтæ куыд æмбæлы, афтæ сыгъдæг кæй не сты, уый тыххæй сыл цæуын тæссаг у. Уымæй уæлдай ма адæм къæрцхъус не сты. Фылдæр хатт куыстмæ цæугæйæ райсынц цæфтæ. Бахъæуы сæ медицинон æххуыс. Цалынмæ зымæг нæма фæцис, уæдмæ хъæуы дохтыртæм лæмбынæг хъусын. Куыд зæгъынц, афтæмæй цæугæ-цæуын æрлæууын хъæуы æгас дæлфадыл æнæхъæнæй. Къухтæ дзыппыты дарын не `мбæлы, уымæн æмæ уæд тæссагдæр у уæззау цæф райсынæй. Мамиаты Дианæ: «Абон ма къах фæзылын, уымæн æмæ тынг бырынцъаг у. Уый уыд сихор афон. Æвæстиатæй мæ бахæццæ кодтой травматологон пунктмæ. Нырттæккæ рады бадын. Æнхъæлмæ кæсын мæ къах мын кæд бабæттдзысты. Мæ къах ныррæссыд». Дзæуджыхъæуы травмпункты разамонæг Цохъты Олег: «Фæндаг бырынцъаг куы уа, уæд травматологион пунктмæ  бахауын æнцондæр у. Фыццаг дыууæ къуыримæ рынчынтæн сæ бæрц уыдис 84 адæймаджы, уыдонæй 56 сылгоймæгтæ, 28 та – нæлгоймæгтæ. Фарон ацафон кæд 573 уыдысты, уæд ацы аз та 570 систы». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бырынцъаг фæндæгтæ

Категория:

Новости и СМИ