Цæгат Ирыстоны сывæллæтты рæвдауæндæтты кусынц радхæссæг къордтæ
Цæгат Ирыстоны сывæллæтты рæвдауæндæтты 26-æм октябрæй кусынц радхæссæг къордтæ. Цæуынц сæм, æнæкусгæ бонты сæ куыст ныууадзыны фадат кæмæн нæй, уыдоны сывæллæттæ. Ныййарджыты уæлдай гӕххӕттытӕ æмбырд кæнын нæ хъæуы. Радхæссæг къордты архайды тыххæй бæлвырддæр ме 'мкусджытæ радзурдзысты. Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 45-æм рæвдауæндоны радхæссæг къорд кусы райсомæй изæрмæ. Райсомы зарядкæ, аходæн, ахуыртæ, тезгъо: сабитӕм цы каст цӕуы, уый фæткон уагæвæрдæй ницæмæй хицæн кæны. Туаты Астаны мад дохтыр у. Эпидемиологон уавæрмӕ гӕсгӕ йын куыстмæ нæ цæуыны фадат нæй. Радхæссæг къордты сабиты сæ кармæ гæсгæ нæ дих кæнынц. Алы кары сывæллæттæ дæр дзы ис. Фæлæ цæмæй хъомыладон куыст йӕ бынаты уа, уый тыххæй семæ кусынц сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Йæ фæрцы уыцы иу рæстæг ис кусæн æппæт хъомылгæнинæгтимæ дæр. Сывæллоны ардæм æрбакæныны тыххæй уæлдай документтæ æмбырд кæнын нæ хъæуы. Уый арæзт у ныййарджыты æнцойæн. Уымæй уæлдай, радхæссæг кърдмæ сывæллæтты ис æрбакæнæн цыфæнды бон дæр. Радхæссæг къордтæ кусын райдыдтой 26 октябры æмæ кусдзысты къуырийы дæргъы. 4-æмæй 7-æм ноябрмæ радхæссæг къордтæ улæфæн бонты тыххæй нæ кусдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv