Дзæуджыхъæуы цæуы ахуырады къабазы разамынды корпусы марафон "Создавай! Управляй! Развивай!"
"Фæллой", "Цардархайды æдасдзинады бындуртæ æмæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын". Ацы ног предметтæ скъоладзаутæм æнхъæлмæ кæсынц 1-æм сентябрæй. Ахуырады къабазы ивддзинæдтыл ныхас цæуы "Создавай! Управляй! Развивай!", зæгъгæ, марафоны. Цæгат Ирыстоны йæ ныр дæккаг хатт аразынц. Йæ архайджытæ - скъолаты разамонджытæ æмæ дзуапдæттæг ведомствойы командæ йæ сæргъы Алыбегты Эллæ афтæмæй. Æртæ боны педагогтæ ныхас кæндзысты Мæскуыйы раззагдæр спикертимæ æмæ Уæрæсейы рухстауыны министрады минæвæрттимæ. Æрдзурдзысты ног ахуыры азмæ цæттæдзинадыл. Марафоны фæлгæты бакусдзысты хицæн проекттыл дæр. Республикæйы алы район дæр ахуырады цыдмæ баххæсдзæн нысангонд пълан. Уый 'руаджы куысты хъомыс фæбæрзонддæр уыдзæн.