Пъæлицæйы кусджытæ ныр иу цасдæр рæстæг уæлдай æргом здахынц цæстфæлдахджыты гæды митæм
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ ныр иу цасдæр рæстæг уæлдай æргом здахынц цæстфæлдахджыты гæды митæм. Уыдонæй хъахъхъæнынц республикæйы цæрджыты дæр. Профилактикон мадзæлттæ аразынц Мæздæджы районы барадхъахъхъæнджытæ. Уыимæ ма хæрз дзæгъæлы нæ. {САБ} Æрæджы профилактикон ныхасы фæстæ цæстфæлдахджыты пълæнттæ æрбайхæлдта Мæздæджы цæрæг нæлгоймаг. Уый тыххæй пенсионерæн бузныджы ныхæстæ загъта пъæлицæйы хайады кусæг Вячеслав Мелекшаян. Æрæджы 79-аздзыд Бронислав Адамовичмæ æрбадзырдта æбæрæг нæлгоймаг. Йæхи схуыдта пъæлицæйы кусæг. Уый йын куыд фехъусын кодта, афтæмæй дам пенсионеры хъæбулы хъæбул кæимæдæр фæхыл ис. Ныртæккæ дам ын тæссаг у ахæстонмæ бахауынæй. Æбæрæг нæлгоймаг ма Бронислав Адамовичæн бамбарын кодта, зæгъгæ, кæд бæлвырдгонд банчы картæмæ 96 мин сомы рарвитай, уæд дын дæ хъæбулы хъæбулы ссæрибар кæндзыстæм. Бронислав Адамович: Мæздæджы цæрæг: «Фыццаг мæ зæрдæ ахсайдта. Уый фæстæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты нæ участковыйы ныхæстæ. Уый нын арæх дзырдта ныртæккæ фыдгæнджытæ ахæм хуызы адæмы кæй сайынц. Уыимæ ма æрæджы пъæлицæйы кусджытæ цы сыфтæ байуæрстой, уыдон дæр бакастæн. Уæд сын телефонæй афтæ зæгъын, зæгъгæ мæ хъæбулы хъæбул - Богданимæ адзурын бауадзут. Богдан, зæгъын, дæ мады ном куыд хуыйны? Ницы дзуапп мын радта. Ногæй та йæ бафарстон - дæ мады ном куыд у? уæд мæ нæ телефоны ныхас аскъуыддзаг». Нæлгоймаг фыдгæнджытыл кæй нæ баууæндыд, уымæй раст бакодта. Фæрстытæ сæм кæй лæвæрдта, уый сын сæ пълæнттæ фехæлдта. Цæстфæлдахджыты азары ма бахауд Любовь Петрова. Уый та телефонæй мæнг слестгæнæгимæ дзырдта. Уый сылгоймагæн фехъусын кодта, йæ хъæбулы хъæбул йæ цардæн тæссаг уавæры кæй бахаудта. Æххуысы тыххæй нысангонд банчы картæмæ сылгоймаджы рарвитын хъуыд 76 мин сомы. Любовь Петрова уайтагъд бадзырдта йæ хиуæттæм. Афтæмæй, базыдта йæ лæппу фыдбылызы кæй нæ бахауд, уый. Цæмæй цæстфæлдахджыты гæды митæй адæмы бахъахъæной, уый тыххæй Мæздæджы районы пъæлицæйы кусджытæ дарддæр аразынц профилактикон мадзæлттæ. Акцийы ма архайынц сæхи æгъдауæй æххуыс кæнынмæ чи рацыд, уыдон дæр - бархионтæ. Информацион сыфтæ алы хъæуты карджын адæмæн уарынц. Мæздæджы районы пъæлицæйы кусджытæ ацы хъуыддаг аиуварс кæнынмæ фæсидысдты банчы кусджытæм дæр. Барадхъахъхъæнджытæ сын радтой информацион сыфтæ, цæмæй сæ цæрджытæм фæхæццæ кæной. Ахæм хуызы æмбарæн ныхæстæ, адæмы æдасдзинадæн пайда кæй уыдзысты, ууыл барадхъахъæнджытæ дызæрдыг нæ кæнынц. Сæ куыст ахсджиаг кæй, уымæн ацы дыууæ ацæргæ адæймаджы ирд æвдисæн сты. Мæздæджы мидхъуыддæгты министрады хайады кусджытæ ма иу хатт цæрджытæм сидынц. Курынц, цæмæй уой къæрцъхъусдæр æмæ цæстфæлдахджыты сæхи сайын ма уадзой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйы кусджытæ ныр иу цасдæр рæстæг уæлдай æргом здахынц цæстфæлдахджыты гæды митæм
Категория:
Новости и СМИ