Хицауады уæнгтæ нысан кæнынц 2022 азы бюджеты бæрц
Хицауады хæдзары нысан кæнынц бюджеты бæрц фидæны азмæ. Республикæйы хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз разамынд лæвæрдта бюджеты проектты къамисы æмбырдæн. Финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег куыд радзырдта, афтæмæй æфтиæгты бæрц уыдзæн 25 миллиард 721 милуан сомы, хардз та скæндзысты 25 миллиард 592 милуан сомы. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ хъалонты æмæ æндæр æфтиæгтæ уыдзысты 14 млрд сомæй фылдæр. Республикæйы хæс паддзахады раз фæкъаддæр уыдзæн 185 милуан сомы бæрц. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй хицауады уæнгтæ, фыццаджыдæр, æххæст кæндзысты социалон къабазы хæрдзтæ. Ахсджиаг ма у бюджеты сферæйы кусджытæн мызд фидын. Уымæй уæлдай ма национ проектæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæнынæн компанитæ æмгуыст кæндзысты, хæрдзты кæцыдæр хай сæхимæ исгæйæ. Нæ бæстæйы президенты бардзырдты фæдыл мадзæлтты пълан æххæст кæнынæн бюджеты снысан хъæуы æхцайы фæрæзтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv