Ирон сериал
Киноныв «Рагон»-ы фыццаг сери равдыстой Дзæуджыхъæуы Кинойы хæдзары. 6 мæйы бахъуыд сфæлдыстадон къорды, цæмæй ацы кинонывыл бакусой. Сæ куыст аивадуарзджыты зæрдæмæ тынг фæцыд. Кинойы райдиан иу уæгъд бынат дæр нал баззад залы, афтæ байдзаг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, сюжетмæ гæсгæ сæйраг хъайтар Аланы бæллиц сæххæст. Нырыккон афонæй бахауд мах дуджы 7-æм æнусмæ. Сериал ист у алы жанрты - фантастикæ, драмæ æмæ триллеры фæзындтимæ. Киноныв саразджытæ фæнд кæнынц дыккаг сери дæр сисын. Куыст райдайдзæн уалдзæджы. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ фыццаг сери фæсивæд систой сæхи хардзæй. Сæ зæрдæ дарынц, премьерæйы фæстæ сæ кинонывæн спонсортæ кæй фæзындзæн, ууыл. Уый руаджы сæ куыст уыдзæн хæрзхъæддæр æмæ рæвдздæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон сериал
Категория:
Новости и СМИ