Хæхтыл хилын - царды нысан
Цæгат Ирыстоны командæ архайы альпинизмæй æппæтуæрæсеон чемпионаты. Уый цæуы Мæхъæлы Республикæйы. Нæ республикæйы минæвæрттæй уæлдай ма дзы архайынц 10 регионы спортсментæ. Æдæппæтæй сты 12 командæйы. Ерыстæн уал ацыд йæ фыццаг хай. Алы командæйы дæр æппæтæй тагъддæр схизын хъуыд 70 метры бæрзæнд къæдзæхмæ. Цы командæ фæуæлахиз, уымæн бар радтой 17 маршруты `хсæн равзарынæн. Иннæтæм æрхауд, цы ма дзы баззад, уыдонæй. Мах командæ фыццаг зылды ссис 9-æм. Фæлæ афтæ рауад æмæ сæ цы маршрут фæндыд, уый сæм æрхауд. Абон ерыстæ дарддæр хæццæ кодтой. Кæронбæттæны хатдзæгтæ скæндзысты 13-æм февралы. Тæрхонгæнджытæ фылдæр сæ хъус æрдардзысты, зындæр маршрут кæмæн уыд æмæ йыл цас рæстæг бахардз кодтой, уымæ. Зæгъын-ма хъæуы уый, æмæ Цæгат Ирыстоны командæ ахæм хуызы ерысты 10 азмæ архайдта фыццаг хатт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хæхтыл хилын - царды нысан
Категория:
Новости и СМИ