Сергей Меняйло федта Хъарман-Сындзыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтад
Сергей Меняйло уыд Дыгуры районы Хъарман-Сындзыхъæуы. Аразынц дзы 120 бынатæн сывæллæтты рæвдауæндон. Куыстытæ цæуынц нацпроект «Демография»-йы фæлгæты. Республикæйы разамонæг объекты арæзтады æмгъуыдæй разыйæ нæ баззад. Хъуамæ ног бæстыхай йæ дуæрттæ байгом кодтаид афæдзы кæрон. Фæлæ, куыстытæ æххæстгæнæг организацийы ныхæстæм гæсгæ, боныхъæды аххосæй объект байгом уыдзæн фидæны аз. Ныртæккæ уал дзы æвæрынц агуыридуртæ фыццаг æмæ дыккаг уæладзгуыты. Арæзт цæуынц канализацион хызæгтæ, уадзынц электрикæ. Ноябры хъуамæ райдайой мидæггаг куыстытæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константины ныхæстæм гæсгæ, арæзтад куы ныффæстиат уа, уæд куыстытæ фæуынæн æппæт хæрдзтæ подрядон организаци райсдзæн йæхимæ. Вице-премьер Фадзайты Æхсарбегæн Сергей Меняйло бахæс кодта подрядон организацитимæ æмбырд саразын. Æрдзурдзысты дзы ног паддзахадон контракттæ æххæст кæныны хæрзхъæддзинадыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv