Æхсæнадон транспорты хъуыддæгты фæдыл уыд сæрмагонд æмбырд
Æхсæнадон транспорты лæггæдты аиуварсгæнинаг хъуыддæгтыл сæрмагонд æмбырды дзырдтой хицауады уæнгтæ, амалхъом адæм æмæ транспорты шофыртæ. Фембæлды архайдтой горæты цæрджытæ дæр. Æмбырд сарæзтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Йæ сæйраг нысан - шофыртæ æмæ цæрджытæ ацы къабазы цы къуылымпыдзинæдтæ `ййафынц, уый сбæрæг кæнын. Шофыртæ хъаст кæнынц хъалонтæй æмæ, хæдтулгæтæ заууатмæ кæй æрцыдысты, уымæй. Уый арæх бæлццæттæн æвзарын кæны къуылымпыдзинæдтæ. Шофырты фæнды сæ хæдтулгæтæ сног кæнын. Куыд зæгъынц, афтæмæй разы сты, цæмæй нымæцæй къаддæр уой. Хæрзхъæддзинадæй та - фидардæр. Æрмæст сын ног хæдтулгæтæ самал кæнæнт. Республикæйы амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт курдиæттæ æмæ хъуыдытæ фæхæццæ кæндзæн республикæйы сæргълæууæгмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æхсæнадон транспорты хъуыддæгты фæдыл уыд сæрмагонд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ