Цæгат Ирыстоны Гæмæх Хохы фæзуат ссыгъдæг кодтой быронæй
Бырон æрæмбырд кæнын, рæстæгмæ афснайын, æрдзæн хорздзинад скæнын, æмæ ма лæвæрттæ дæр райсын. Ахæм ерысты бацархайдтой республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ. Ацы экологон акцитæ фыццаг хатт арæзт нæ цæуынц нæ республикæйы. Сæ сæйраг хæс у - сывæллæтты æрдз уарзын æмæ хъахъхъæнынмæ сразæнгард кæнын. Гуыриаты Заурыл абон стыр хæс æвæрд уыдис. Уый скъоладзаутæн бацæттæ кодта ерыстæ. Сæ сæйраг домæн - бырон æрæмбырд кæнын. Фæлæ уал сывæллæтты Зауыр рагагъоммæ адих кодта хицæн къордыл. Уый фæстæ та сæ арвыста цымыдисаг балцы. Ацы сывæллæттæ бацархайдтой, цæмæй æрбахæссой бырон æмæ йæ сæрмагонд домæнтæм гæсгæ равзарой. Ацы акцийы руаджы абон сыгъдæггонд æрцыдис Гæмæх хохы раз цы фæзуат ис, уый. Уым алы афæдзы афон дæр вæййы адæм. Уæлдайдæр та - сæрдыгон. Алчидæр дзы баулæфы, фæлæ адæмæн сæ фылдæр сæ фæстæ нæ бафснайынц. Гуыриаты Зауыр æркаст ацы хабармæ. Сæмбырд кодта адæм, æмæ сфæнд кодта хъуыддаг хорзы 'рдæм аивын. Зауырбег йæхæдæг иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта ахæм акциты. Нæ раздæры æрмæджыты ма уын хъусын кодтам йæ æнтыстдзинæдты тыххæй. Уыдис Уæрæсейы бирæ бынæтты. Абон та, нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты комитетимæ æмгуыст кæнгæйæ, æрхъуыды кодта ахæм цымыдисаг ерыс. Абон ам архайынц нæ республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ æмæ æхсæнадон организацитæ. Cæ руаджы бирæ бырæттæ ссыгъæг кодтой быронæй. Акцийы аразджытæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй бырæттæ дихгонд цæуынц ног хуызмæ гæсгæ. Ерысы домæнтæм гæсгæ, скъоладзаутæн дæттынц иу сахат æмæ æрдæг. Уыцы рæстæгмæ хъуамæ алы командæ дæр æрæмбырд кæна бырон. Уæлахиздзауты къордæн ратдзысты хæрзиуджытæ. Скъоладзауты зæрдæмæ ахæм ерыстæ тынг цæуынц. Уыдон зæрдиагæй бацархайдтой, æрдзæн пайда æрхастой, æмæ ма уыимæ райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр. Гуыриаты Зауырбеджы фæнды, цæмæй ирон адæмы хуымæтæг зиутæн æххуыс фæуой ахæм ерыстæ. Сæ фæрцы нæ æрдз фæсыгъдæгдæр уыдзæн. Уыимæ ма ацы акцитæ хуыздæры 'рдæм сахаддзысты сывæллæтты хъомыладыл дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны Гæмæх Хохы фæзуат ссыгъдæг кодтой быронæй
Категория:
Новости и СМИ