Дзæуджыхъæуы уыд горæты администрацийы номыл арæзт турнир нардытæй хъазынæй
Дзæуджыхъæуы уыд горæты администрацийы номыл арæзт турнир нардытæй хъазынæй. Мадзал Дзæуджыхъæуы сарæзтой фыццаг хатт. Ерысты архайдтой 70 адæймаджы. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста Игорь Таджинов, дыккаг бынат Мæрзойты Алан, æвзист майдан та радтой Бердиаты Сафарæн. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кубоктæ æмæ æхцайы премитæй.Æппæты `взонгдæр хъазæгæн уыдис хицæн сæрмагонд номинаци. Æппæты арæхстджындæр дзы разынд Заур Ибрагимов. Турнир аразæг у Дзæуджыхъæуы муниципалон культурон-ирхæфсæн центр «Радуга». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы уыд горæты администрацийы номыл арæзт турнир нардытæй хъазынæй
Категория:
Новости и СМИ