Ахуырадæн аккаг аргъ
Рæвдауæндæттæ куыд аразынц, афтæ скъолатæ дæр. Уый тыххæй æмæ сывæллæтты стæй уырдæм хъæуы. Гъер, цæмæй скъолаты рад ма фæзына, уый тыххæй рагагъоммæ хъуыддагыл архайынц. Фарон аз йæ дуæрттæ байгом кодта Дзæуджыхъæуы 27 скъола. Сифтонг æй кодтой æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй. Ис ма дзы йе `нæниздзинад хъуыгдард кæмсæн у, ахæм сывæллæттимæ кусыны фадæттæ. Ныртæккæ дзы ахуыр кæны 650 скъоладзауы. Сцалцæг æй кодтой федералон программæйы фæрцы. Ног скъола сарæзтой Сырх-Дыгуры дæр. Арæзтадон куыстытæ фесты цыбыр рæстæгмæ- 8 мæймæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ацы скъолайы хуызæн, нæ республикæйы нырма нæ уыд. Йæ ифтонгад се `ппæтæй егъаудæр у. Спортивон зал, музыкалон студи æмæ хæрæндон дæр. Иу дзырдæй, алцыдæр æрмæстдæр ахуыр кæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахуырадæн аккаг аргъ
Категория:
Новости и СМИ