Уый та куыд?!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Дзурынц, уый, дам, æнæрхъуыды ми у, кæд æмæ дзы биологон артаг уадзынвæнд кодтой, уæд. Фæлæ хъуыддаг сæ хуымæтæгдæртæй нæу. Куыд рабæрæг, афтæмæй «æхгæды» ном цы завод хаста, уым спъирт уæддæр уагътой. Нæ уацхæсджытæн – ныхасы бар. Хицауады хæдзары цурмæ чи `рбамбырд, уыдон акционерон æхсæнад «Авиоры» бындурæвæрджытæ сты. Знонæй нырмæ сæ куыстуат дзырддаг сси. Республикæйы хицауадæй домынц, цæмæй сæ ныхас зæгъой, карз нозты базарадмæ йæ цæст чи дары, федералон уыцы уагдæттимæ. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ уыдон халынц заводы кусæнгæрзтæ. Продукци уадзыны тыххæй, дам, æм бардæттæг гæххæттытæ нæй. Митинджы архайджытæ къæрттæй цъула не `ппарынц. Завод, зæгъынц, авд азы змæлгæ дæр нæ кæны. Фæлæ амынд куыд у, афтæмæй йæ уыцы `мгъуыдмæ цæттæ кодтой биологон артаг уадзынмæ. Æнхъæл уыдысты, æмæ сын уымæн бар дæр ратдзысты æмæ а-дыууæ боны кусын райдайдзысты. Фæлæ ныр уавæр кæцырдæм фæкъул уыдзæн. Федералон цæстдарджытæ сæ ныхас нæ ивынц. Бæрæггæнæнтæ, дам, бæлвырдæй алцыдæр равдыстой. «Завод нæ куыстайы» агъудæй, куыд зæгъынц, афтæмæй спъирт цыхцырæгау калдис йæ цехты. Тæрхондон дæр уымæн ахæм хатдзæгмæ `рцыд. Фыццаг бакастæй дзы дзуринагæй дæр ницыуал ис – тæрхон ис æмæ йæ пъырыстыфтæ æххæст кæнынц. Фæлæ æцæг афтæ `нцонтæ куы уаид алцы. Заводы чи куыста, уыцы дæсгай адæймæгтæ уынджы къæйыл аззадысты. Кæд æнæзакъонæй куыста, уæддæр хъæуы цæрджытæй бирæтæ сæ бинонты дардтой. Ныр завод дæр нал кусы, адæмы дзыппытæ дæр дымгæ нынниуынмæ хъавы. Хъаугъа дæр ууыл кæнынц. Уырны сæ, рохтылхæцæг организаци сын сæ куыст закъонады бындурыл куы рацарæзтаид, биологон артаг уадзын сæ куы бауагътаид, уæд митингты сæр дæр никæй бахъуыдаид. Ахæм зондыл хæст у Цæгат Ирыстоны номæй сенатор Фадзайты Арсен дæр. Абон Федерацийы Советы æмбырды уыцы фарст цæхгæр æрæвæрдта: куыд хъуамæ цæуа ныхас æкологон æгъдауæй сыгъдæг артаг уадзыныл, кæд æмæ æмбæлгæ куыстуæттæ бардæттæг гæххæттытæ райсыны тыххæй сæхæдæг сæхи сæрты хъуамæ гæппытæ кæной?! Эксперттæ æмæ блогертæ дæр иуварс нæ баззадысты. Сæ сæр æй нæ ахсы: уый та куыд, ома?! Кæд æмæ цалдæр азы биоэтанол уадзыныл гоби адæмæй фæстæмæ иууылдæр сæ хъуыдытæ загътой, кæд куысты бынæттæ аразыны койæ адæмæн се `взаг ныллыстæг, уæд афтæ `нцонтæй куыстуаты хурхыл цæмæн хæцынц? Закъоны бындурыл æй куы рацаразой, уæд кæй цæмæй хъыгдары? Карз нозт уадзынмæ цæстдарæджы бынæттон хайады фæнысан кодтой: республикæйы тынг куы фæнда, уæддæр ын федералон куыстуæтты разæй дзырды бар ничи ратдзæн. Уæлдайдæр – тæрхондоны уынаффæйы фæстæ. Уыимæ тох кæнынæн ис æрмæстдæр иу мадзал – ногæй та тæрхондонмæ. Хъуыддаг та тæрхондоны дзуринаг, æцæгæйдæр, суыдзæн. Фæлæ цалынмæ ног уынаффæ хæссой, уæдмæ уал кусæнгæрзтæ раласдзысты. Заводы минæвæрттæ курынц, цæмæй сын исчи феххуыс кæна. Суанг республикæйы сæргълæууæгмæ æрхатыдысты. Дзуапп дæр сын хъуамæ радтой. Республикæ кусы федералон æмвæзадыл цалдæр фарсæрдыгæй. АВИОРы тыххæй дæр, æмæ ахæм куыстуæттæн бардæттæг гæххæттытæ дæттыны иумæйаг фæткыл дæр. Цæмæй цыфæндыйæ дæр алцы дæр æнцайа закъон æмæ раст зонды бындурыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Уый та куыд?!

Категория:

Новости и СМИ