Хуссар Ирыстоны ныхас кодтой инвестицион проекттæ æххæст кæныныл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Хуссар Ирыстоны сарæзтой инвестицион программæ æххæст кæныны фæдыл æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта республикæйы президент Бибылты Анатолий. Раздæр уал бынæттон хицауады сæрдар Пухаты Эрик базонгæ ис, арæзтадон объектты куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Цы аиппытыл æрхæцыд йæ цæст, уыдон бахастой президентимæ æмбырды боны фæткмæ. Хицауады уæнгты бахъуыд дзуапп дæттын. Бибылты Анатолий бæрнон кусджытæн бахæс кодта, цæмæй ахадгæдæрæй кæсой куыстыты хæрзхъæддзинадмæ. Ацы аз та дзы иуæй-иутæ хъуамæ кæронмæ фæуой. Республикæ æгасæй дæр арæзтадон фæзы хуызæн у. Кæм чи цы кусы, уыдонæй Хуссар Иры президент фарста æмбырдмæ хуынд бæрнон кусджыты. Фæнысан кодтой æнтыстытæ, раиртæстой аиппытæ дæр. Бибылты Анатолий, Хуссар Ирыстоны президент: «Афæдзы 7 мæйы фæстейы аззадысты. Развæлгъауы хатдзæгтæ скæныны афон æрхæццæ. Нæ инвестицион программæ куыд сæххæст кодтам, уый хъуамæ зонæм. Цы бакуыстам æмæ цы нæ бакуыстам». Хуссар Ирыстоны финансты министр Хæбæлаты Азæ æмбырды архайджыты базонгæ кодта, æхцайы фæрæзтæ амынд æмгъуыдмæ куыд хардз кодтой, уыимæ. Радих сæ кодтой инвестицион программæ сæххæст кæнынæн. Хæбæлаты Азæ - Хуссар Ирыстоны финансты министр: «Æппæт 2019-æм азмæ программæйыл хъуамæ бахардз уа 2 миллиарды 787 милуаны æмæ 200 мин сомы. Ныронг уал дзы спайда кодтам 1 миллиард 221 милуаны æмæ 408 мин сомæй. Уый у æппæт æхцайæн йе 36 æнæхъæны æмæ 6 дæсæм хай проценты. Æргомæй дзургæйæ, уый раппæлыны аккаг нæу, кæд фаронимæ абаргæйæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ сты, уæддæр. Бæргæ, куы фæсæрæндæр уаиккам æмæ рæстæгæй дæр, стæй æхцайæ дæр куы спайда кæниккам афоныл». Республикæйы арæзтады министр Дзæгъойты Эдуард радзырдта, ныртæккæ цы куыстытæ кæнынц, уый тыххæй. Цхинвалы аст уынгыл сæ кæронмæ ахæццæ кодтой. Хъуамæ ацы аз ног объекттæй пайда кæнын райдайой. Иучысыл къуылымпытæ сæвзæрд Харебаты Исахъы æмæ Тельманы номыл уынгты тигъыл. Хицæн адæймæгтæ кæй сарæзтой, уыцы æнæзакъон бæстыхæйттæ хъыгдæрдтой куыстыты цыд. Ныртæккæ уыцы аипп дæр аиуварс кодтой. Остъаты `фсымæрты номыл уынгыл та сæ, министры хъуыдымæ гæсгæ, кæронмæ ахæццæ кæндзысты 10 боны `мгъуыдмæ. Уынгты цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Къуайсайы дæр. Раздæр уал сæ хи цæстæй федта республикæйы Хицауады сæрдар Пухаты Эрик. Æркæсинаг уыдысты, зæххы бынты чи цæуы, уыцы коммуникацитæ. Проекты домæнтæм гæсгæ сæ ивинаг ничи уыд. Ног асфальт æвæрыны рæстæг-иу зæронд хæтæлтæ куы иу ран, куы иннæ ран стыдтой. Афтæмæй уынгты цалцæг фæкъахыр. Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар: «Проект ныффидар кæныны размæ йæм хъуамæ æркæсой специалисттæ, чи йыл кусдзæн, уыдон. Науæд афтæ рауайы, æмæ проект саразæм, йемæ сразы вæййæм, куыстытæ æххæстгæнджытæ та йæ æрмæстдæр уæд фенынц».   Уæдæ фæндæгтæ аразæн куыстытæ та Ленингоры районы цæуынц æмбæлгæ фæткыл. Районы центры сæйраг уынгтæ ныридæгæн цæттæ сты. Хъæуы ма дзы фæндæгтыл æрмæст æмбæлгæ нысæнттæ сныв кæнын. Громæй Цъинагармæ та уæвгæ дæр ног фæндаг аразынц. Дзау æмæ Знауыры цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ хъуамæ сырæзой, уыдон дæр рæхджы сцæттæ уыдзысты. Афтæ - арæндон дæр. Фысымуат «Ирыстон», сывæллæтты рæвдауæндон, фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мемориалон комплекс. Уыдоны арæзтад дæр ацы аз фæуыдзæн. Бафтдзæн ма сыл республикæйы хъалонтæ исæн комитеты бæстыхай дæр. Зæрдиагæй ма адæм æнхъæлмæ кæсынц дондзæуæн системæйы рацарæзтмæ. Бибылты Анатолий радон хатт бадомдта бæрнон кусджытæй, цæмæй æппынæдзух сæ хъус дарой арæзтадон куыстытæм. Цы бæрæг æмгъуыдтæ снысан кодтой, уыдонæн, йæ хъуыдымæ гæсгæ, дарддæр иргъæвæн нал ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны ныхас кодтой инвестицион проекттæ æххæст кæныныл

Категория:

Новости и СМИ