Хуссар Ирыстоны парламентæн уыд фыццаг æмбырд
Хуссар Ирыстоны парламенты фыццаг æмбырды равзæрстой дыууæ ног спикеры. Уыдон сты «Дзыллæйы иудзинад»-ы лидер Къелехсаты Владимир æмæ «Адæмон партийы» лидер Плиты Алыксандр. Уыдонæй уæлдай ма снысан кодтой парти «Ныхас»-ы депутаттæ Уалыты Ибрагим æмæ Æлборты Аланы кандидтурæтæ. Фæлæ парламенты уæнгтæ фылдæр хъæлæстæ радтой Къелехсаты Владимир æмæ Плиты Александрæн. Афтæмæй парламент абоны бонмæ снысан кодтой разамонджытæ. Спикер ссис Тадаты Алан йæ хæдивæг та Гасситы Петр. Парламенты комитетты сæргълæуджыты равзардзысты 26 июны. Уæд парламентæн уыдзæн радон æмбырд. Ног парламенты фылдӕр бынӕттӕ бацахста парти «Иугонд Ирыстон» - уый райста авд мандаты партион номхыгъдмӕ гӕсгӕ, авд та сты, партийы номӕй сӕхи чи раразмӕ кодта, уыдон. Дыккаг бынатыл ис «Адӕмон парти», ӕртыккагыл та «Ныхас». Афтӕ ма ног парламентмӕ бацыдысты «Дзыллӕйы иудзинад» ӕмӕ Коммунистон парти. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны парламентæн уыд фыццаг æмбырд
Категория:
Новости и СМИ