Цæгат Ирыстоны парахат кæны кæсаг дарыны куыст
Цæгат Ирыстоны кæсаг дарыны куыст парахат кæны. Республикæйы ацы къабазы куыстуæттæ фæзынд цалдæр районы. Се `хсæн – «Остров Аквакультур», зæгъгæ, хæдзарад. Уым кæнынц балеркæсаджы куыст. Хæдзарады куыд зæгъынц, афтæмæй еугæфæй кæсаг рауадзын кæд зын у, уæддæр цымыдисаг куыст у. Республикæйæ кæсаг иннæ регионтæм арвитынц салдæй. Арæхдæр Мæскуымæ æмæ Ростовмæ. Еугæф та сласынц Швецийæ æмæ Араббаг Эмираттæй. Сæрмагонд цехы сæ сæвæрынц. У куыстуаты сæйрагдæр бæстыхай у. Ам бавæрынц 300 мин еугæфы гагайæ фылдæр. Кæсагахсджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм хъæуы бæстонæй зилын. Мæй æмæ æрдæджы фæстæ еугæфæй равзæры чысыл кæсæгтæ. «Остров», зæгъгæ, куыстуат ныртæккæ Хъахъхъæдуры ис. Кæсагдарæн куыстуат байгом кодтой ивгъуыд аз декабры. Январы райдыдтой егъау бассейнтæ аразын. Афæдз фæстæ сæ нымæц сырæзтис 60-мæ. Уыдонæй 20-æй пайда кæнын райдыдтой. 40 бассейны та июны кæронмæ кæсагæй байдзаг кæндзысты. Ам дæр иу бассейны цæуы 10 тоннæйы кæсаг. Куыстуаты авналæнтæ хъуамæ фидæны фæуæрæхдæр уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны парахат кæны кæсаг дарыны куыст
Категория:
Новости и СМИ