Республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады уæлдай цæстдард здахы
Фæстаг 6 мæйы нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады уæлдай цæстдард здахынц энерги республикæы цæрджытæм куыд хæццæ кæны, уыцы фарстамæ. Уый уымæн, æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы комкоммæ бастдзинады номырмæ бирæ адæм дзурынц æмæ хъаст кæнынц коммуналон лæггæдтæ аразæг компанитыл. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ сын электрон тыхæн хъалонтæ раст нæ банымайынц, стæй сæ уымæ гæсгæ æнæзакъонæй электрон тыхы хызæй дæр алыг кæнынц. Ацы фарста аиуварс кæныны тыххæй, профилон министрады сарæзтой кусæг къорд. Уый дыууæ мæйы дæргъы кæсы, чи бахъаст кæны, уыцы адæмы хъуыддæгтæм. Сæ куыстæн ис фыццаг хатдзæгтæ скæнæн. Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады минæвар Баситы Чермены ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ кæсынц, уагхæлдтытæ æцæгæй дæр æрцыдысты, æви нæ, уымæ. Уый уæлдайдæр хауы, адæм иумæйагæй цы бæстыхæйттæй пайда кæнынц, уыдонмæ. Фиддонты нысангод вæййынц хæдзары иумæйаг хæрдзтæ. Уырыссагау – «общедомовые нужды», зæгъгæ. Республикæйы цæрджыты хъæстытæ кæй сарæх сты, уый банкъардтой тарифты регионалон службæйы дæр. 2016 азы 2-æм февралы Цæгат Ирыстоны хицауады 24-æм уынаффæмæ гæсгæ сфидар кодтой службæйы ног уагæвæрд. Уый уагдонæн бар радта коммуналон лæггæдтæ аразæг компаниты куыстмæ цæст дарынæн. Бæлвырддæр дзургæйæ та, кæсынц, цы тарифтæ сæвæрдтой, уыдонæй раст куыд пайда кæной коммуналон лæггæдтæ аразæг компанитæ, уымæ. Тарифты службæйы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, адæм кæй хъаст кæнынц, уый хуымæтæджы нæу æмæ йын ис бындур. Æцæгæй дæр арæх рауайы афтæ, æмæ адæмы коммуналон лæггæдты квитанцитæ раст нымад не ‘рцæуынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады уæлдай цæстдард здахы
Категория:
Новости и СМИ