РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы дзырдтой чиныгдонты уавæрыл
Республикон чиныгдонты уавæрыл æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы уæнгтæ. Æмбырды архайдта республикæйы культурæйы министр Къубалты Эльбрус, Дзæуджыхъæуы культурæйы управленийы разамонæг Мæрзойты Руслан, горæты æмæ районты чиныгдонты разамонджытæ. Тыбыл стъолы архайджытæ дзырдтой чиныгуыты фонды цæттæдзинадыл. Национ чиныгдоны директор Хайманты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ чингуыты фонды æвæрæнтæ 20 азы дæргъы нæ фæфылдæр сты. Иу аиуварсгæнинаг хъуыддаг -хъæугæ кусæнгæрзтæй ифтонгдзинад. Чиныгдонты интернет нæй. Уый тыххæй иуæй иу чиныгдонтæ сæхгæнынц. Культурæйы министры ныхæстæм гæсгæ ацы хъуыддагыл бæстонæй кусынц. Æмбырды архайджытæ иу хатдзæгмæ æрцыдысты. Фыццаджыдæр хъæуы иумæйаг сæрмагонд гæххæт ныффидар кæнын. Уый руаджы чиныгдонты куысты иумæйаг фæтк снысан кæнын. Уымæй уæлдай ма фембæлды архайдтой таджикаг диаспорæ «Памир»-ы минæвæрттæ. Диаспорæ сæ бæстæйы рагæй архайы уырыссаг æвзаджы райрæзтыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы дзырдтой чиныгдонты уавæрыл
Категория:
Новости и СМИ