Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны 2 азы дæргъы кусы иу боны хирургон стационар
Операцимæ ма баззад цалдæр минуты. Максимы уырнгæ дæр нæ кæны процедурæ 15 минут йеддæмæ кæй нæ цæудзæн, уый. Уыимæ ма цалдæр сахаты фæстæ та ацæудзæн хæдзармæ. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, ахæм чысыл операци рынчындоны дæргъвæтин рæстæг уæвын нæ домы. Фæлæ фыццаджыдæр хъæуы лæмбынæг æркаст ацæуын. Сывæллон цæттæ у. Операцион агъуысты дæр алцыдæр рæвдз у. Дохтыртæ процедурæ кæнын райдыдтой. Бынаты - фæлтæрдджын дæсныты къорд. Ам ахсджиаг у алы лыстæг фезмæлд дæр. Уавæр бæлвырдæй иртасынц сæрмагонд экраны руаджы. Нырыккон эндоскопон æмæ микрохирургийы ифтонггæрзтæ. Се 'руаджы операцийы рæстæг пациент рыст уыййас не 'мбары, уыимæ тагъддæр сдзæбæх вæййы. Сывæллæттæ куы райхъал вæййынц, уæд æй æмбаргæ нæ бакæнынц операци кæй фæцис, уый. Процедурæ скæнынмæ цæуынц æндæр горæттæй дæр. Арæх специалистты бирæ рæстæг чи агуыртта, уыдон сæ ам ссардтой. Поликлиникæйы тыххæй базыдтой сæ зонгæтæй. Диссаг та сæм уый фæкаст, æмæ операци лæвар кæй у. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæ куыст райдыдтой лорхирурги здæхдæй. Ам бынатты ис æппæт хъæугæ анализтæ скæнын. Цыбыр рæстæгмæ дохтыртæ улæфт схорз кæндзысты. Кусынц дыууæ азмæ 'ввахс. Фидæны фæнд кæнынц цы операцитæ кæнынц, уыдоны хыгъд фæуæрæхдæр кæнын. «Хирургия одного дня», кæй хонынц, уыцы методикæ фæзынд Великобританийы æмæ апарахат æгас дунейы. Сæйрагдæр та уый у, æмæ йæ бæрæггæнæнтæ дисы кæй æфтауынц. Фидарæй ис зæгъæн, процедурæйы æнтыстдзинæдты тыххæй.