Дзанайты Барис сарæзта республикæйы райрæзты фарстаты фæдыл æмбырд
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис сарæзта республикæйы райрæзты фарстаты фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы вице-премьертæ æмæ министрты кабинеты уæнгтæ. Премьер дзуапдæттæг кусджытæм фæсидт, цæмæй ацы азмæ нысангонд мадзæлттæм хъусдард уа. Фæнысан кодта, хатдзæгтæ хъуамæ уой хæрзхъæд, хæстæ та æххæстгонд æрцæуой рæстæгыл. Уый тыххæй та социалон инфраструктурæйы объекттæ аразгæйæ, афойнадыл хъæуы контракттæ бафыссын æмæ æвæстиатæй арæзтадон фæзуæттæм рахизын. Ныхас ма цыд "Мамысоны" æгасафæдзон туристон-рекриацион комплекс æмæ балергæсаджы селекцион-знæмон комплекс саразыныл. Уый у Уæрæсейы президент Владимир Путины бардзырд. Уæлдай цæстдард хъæуы федералон центримæ æмгуыстадмæ Мæздæджы районы лæбырдæй тæссаг бынæтты цæрæг адæмы æдас ран æрцæрын кæныны хъуыддаджы. Ацы фарстайы тыххæй дæр, Сергей Меняйлоимæ фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, паддзахады сæргълæууæг радта фæдзæхстытæ.