Закъонмæ гæсгæ
Сидзæртæн цæрæнуæттæ самал кæнынмæ бæрнон кусджытæй куыдфæндыйы цæстæй чи кæса, уыдоны бафхæрдзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта Битарты Вячеслав республикæйы финансон цæстдарды разамонæг Бдæйциаты Аллæимæ кусæг фембæлды рæстæг. Республикæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, ацы хъуыддаджы æрцыдис бирæ закъонхæлдтытæ. Арвыстой сæ мидхъуыдæгты кусджытæм. Битарты Вячеслав ацы хъуыддагмæ бынтон уæлдай æргом раздæхта. Республикæйы сидзæрты фарстатæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уыцы бæрнон кусджытæн æй нæ ныххатыр кæндзæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæллой æмæ социалон райрæзты, стæй цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министрадтæ сидзæр сывæллæттæн ног арæзт хæдзæртты бæсты фатертæ æлхæдтой, азтæ кæуыл рауад, ахæм бæстыхæйтты. Уымæй уæлдай ма финансон цæстдарды разамонæг радзырдта Дзæуджыхъæуы арæзтадон техникумы басгæрсты бæрæггæнæнты тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы нырма цæрынц Хуссар Ирыстонæй ралидзæг 8 адæймаджы. Афтæмæй сын федералон программæйы фæлгæты сертификаттæ радтой. Битарты Вячеслав ын бабар кодта, цæмæй ацы фарстатæ аиуварс кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Закъонмæ гæсгæ
Категория:
Новости и СМИ