Сыгъдæг республикæ
Уалдзæг æрцыд æмæ райдыдтой аивдзинадыл куыстытæ. Официалон æгъдауæй ивгъуыд фæлладуадзæн бонты ацыд фыццаг æфснайæн сабат. Куыддæр фæрайсом афтæ 40 мин адæймагæй фылдæр æрмкъухтæ æмæ ифтонггæрзтимæ рацыдысты сæ республикæйы рæсугъддзинадыл бакусынмæ. Цас сты, æнцонвадаты цардыуагыл чи хъуыды кæны, æмæ куыд бацархайдтой, уый базыдта не `сфæлдыстадон къорд. Ацы акци, æцæгæйдæр, пайдайаг уыд. Республикæйы фæлладуадзæн æмæ æрдзы рæсугъд бынæттæ бафснайынмæ 40 мин адæймаджы кæй рацыдысты, уый. Сæ фылдæр бархионтæ æмæ æхсæнады активон архайджытæ уыдысты. Сæхи нæ аиуварс кодтой хицауады кусыджытæ дæр,сæ сæргъы Битарты Вячеслав, афтæмæй. 8 мин Дзæуджыхъæуккаджы та сæ уарзон улæфæн бынæтты аивдзинадыл бакуыстой. Республикон зиуы бахъуыд техникæйы 50 иуæджы. Республикæйы цæрджытæ афтæ зæрдиагæй æфснайдтой, афтæ тынг сæ фæндыд сæ алыварс фæзуæттæм базилын æмæ сæ ссыгъдæн кæнын - æмæ бырæттæ 70 тоннæйы бæрц æрæмбырд кодтой КАМАЗ-тæй ласын сæ бахъуыд. Уый фенгæйæ, Парламенты сæрдар Алексей Мачнев адæммæ фæсидт, цæмæй кæддæриддæр сæ алыварс афтæ сыгъдæг дарой, уый тыххæй. «Республикæйы алы цæрæг хъуамæ уа бæрнон. Нæ уынгтæ, нæ хъæутæ, нæ горæттæ сыгъдæг куы дарæм, уæд нæ экологийы уавæр дæр хуыздæр уыдзæн. Дуканиты, коммерцион хайæдттæ æмæ æндæр куыстуæттæ хъуамæ сæ хъус ацы фарстамæ фылдæр дарой», - РЦИ-Аланийы парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Зиумæ чи рацыд, у ыдон фыццаг бавнæлдтой адæм арæхдæр кæм вæййынц, уыцы улæфын бынæттæ ссыгъдæр кæнынмæ. Уæвгæ, адæм арæхдæр ахæм бынæтты фæтезгъо кæнынц. Бырон дæр дзы арæхдæр æмæ фылдæр æрымбырд вæййы. Ивгъуыд сабаты хус къалиутæй æмæ быронæй ссыгъдæг кодтой Намысы аллейæ, дендрарий, центрон фæлладуадзæн парк æмæ æндæр фæзуæттæ. Сæ алыварс æфснайдтой Беслæны цæрджытæ дæр. Архайдтой дзы мин æмæ æрдæг адæмæй фылдæр. Фæлладуадзæн бынæттæ дзы дæсæй фылдæр сты. Цалдæр сахатмæ сæ хуыз скалынц. Акцийы архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй афæдз размæ ахæм куыстыл фылдæр рæстæг æмæ тыхтæ хардз кодтой. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куыст дзæгъæлы нæу. Куыд бакуыстой, уымæй дæр разыйæ баззадысты. Ахæм мадзæлттæ æрмæст сыгъдæг нæ кæнынц, фæлæ ма сын хъомыладон нысаниуæг дæр ис. Сыгъдæгдзинады акциты фылдæр фæсивæд кæй архайынц, уый уæлдай æхсызгон у. Фæлæ ма хорз уаид ацы куыстыты фылдæр адæм куыд архайой. Уымæн æмæ закъонхалджытæ æмæ æцæсгом адæм нырма бирæ сты. Сабаты йæ алыварсы аивдзинадыл чи бакуыста, уыдон æмхъæлæсæй дзурынц: «Æфснайынмæ тыххæй ничи никæй ракæны». Сыгъдæгдзинады фарстайыл бакусын алкæмæн йæхи барвæндон хъуыддаг у. Фæлæ кæд дæхæдæг не фсайыс, уæд сын сæ куыстæн аргъ кæнын, уæддæр хъæуы. Æмæ кæй бафснайдтой, уыцы фæзуæтты сыгъдæгдзинады фæтк æххæст кæнын, стæй йæ иннæтæн дæр амонын. Республикæйы сыгъдæгдзинады зиутæ уыдзысты алы мæйы фæстаг сабаты. Уалдзæджы, сæрды æмæ фæззæджы - цалынмæ нæ фæуазæлттæ кæна, уæдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сыгъдæг республикæ
Категория:
Новости и СМИ