9-æм кълæсты ахуырдзаутæн Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайынмæ курдиæттæ бадæттыны фадат уыдзæн 1
9-æм кълæсты ахуырдзаутæн Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайынмæ курдиæттæ бадæттыны фадат уыдзæн 1-æм мартъийы онг. Уый фæстæ сæ нал исдзысты. Ацы аз, куыд раздæр дæр иумæйаг паддзахадон фæлварæн ацæудзæн 3 къæпхæнмæ гæсгæ: рагагъоммæ - 21-æм апрелæй 16-æм майы онг, сæйраг - 22-майæ 30-æм июньмæ, æмæ уæлæмхасæн - 11-æм мартъийæ æмæ 18-æм маймæ. Куыд фарон, афтæ ацы аз дæр 9-æм кълæсты рауагъдонтæн хъæудзæн 2 æнæмæнг предметы-уырыссаг æвзаг æмæ математикæ раттын, уыимæ ма дыууæ уæлæмхасæн равзарын. Уæлæмхасæн æмгъуыды фæткмæ гæсгæ ма фæлварæны архайдзысты йе `нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыдон дæр. Рауагъдонтæй уырыссаг æвзаг æмæ математикæйæ æвзæр бæрæггæнæтæ чи райса уыдон ацы предметтæй иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайдзысты уæлæмхасæн къæпхæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
9-æм кълæсты ахуырдзаутæн Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайынмæ курдиæттæ бадæттыны фадат уыдзæн 1
Категория:
Новости и СМИ