Цæгат Ирыстоны бюджеты дотацитæ 8,7% фæкъаддæр сты
Цæгат Ирыстоны бюджеты дотацитæ 8,7% фæкъаддæр сты. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта уыцы бæрæггæнæн 10% онг баххæст кæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта йæ ныстуаны парламенты æмбырдмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый къухы бафтыд, адæмы æфтиæгтæ федералон бюджеты дотацитæй фылдæр кæй систы, уый руаджы. Фæлæ ууыл æрлæууын нæ хъæуы. Тырнын хъæуы 10% бæрæггæнæнмæ. Æхцайæ куы райсæм, уæд 4 азмæ адæмы хи æфтиæгтыл бафтыд 13 млрд сомы, 6 млрд 300 милуан сомы хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтыл. 2017 азы та Цæгат Ирыстон райста бюджетон кредиттæ реструктуризаци кæныны бар. Коммерцион хæс цыбыр рæстæгмæ кредиттыл ивд кæй æрцыд, уый руаджы 4 азмæ паддзахадон хæсы фиддонтæ фæкъаддæр сты. Уыйадыл 1 млрд сомы бæрц фæфæстауæрц кæнын къухы бафтыд. Ацы аз куы райсæм, уæд æфтиæгты нымæц хъуамæ суа 34,433 млрд сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны бюджеты дотацитæ 8,7% фæкъаддæр сты
Категория:
Новости и СМИ