Фыццаг сылгоймаг тæхæг дауыраты илитæйæн байгом кодтой цыртдзæвæн
Абон Фарны хъæуы Даураты Илитæйæн байгом кодтой цыртдзæвæн.Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр, фыццаг сылгоймаг-тæхæджы райгуырдыл абон сæххæст 100 азы. Кадджын мадзалы архайдтой нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, Ветеранты советы сæрдар Хъамболты Солтан, Дауыраты мыггаджы минæвæрттæ æмæ зонгæтæ. Ахæм хъуыддаг саразыны хъæппæрис равзæрд Даураты мыггаджы минæвар, хæрзаудæг, не `мзæххон Даураты Виталиймæ. Ныр Фарны хъæуы фидауц уыдзæн ацы рæсугъд цыртдзæвæн. Программæ барæсугъд кодтой цымыдисаг концертон программæйæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Даураты Илитæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ уыд тохы быдыры. Архайдта Севостополь æмæ Кавказ суæгъд кæныны тохты. Йæ фæсномыг уыд «Дика», зæгъгæ. Даураты Илитæ ныгæд у Намысы Аллеяйы. Йæ ном хæссынц Фарны хъæуы, Камбилеевскæйы æмæ Ирыхъæуы уынгтæ. Алы аз, йæ рагуырæн æмæ Уæлахизы бонмæ йæ цыртмæ раз йæ ном ссарынц бирæ адæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыццаг сылгоймаг тæхæг дауыраты илитæйæн байгом кодтой цыртдзæвæн
Категория:
Новости и СМИ