Дзæуджыхъæуы дзырдтой хъæууон-хæдзарады къабазы райрæзтыл
Дзæуджыхъæуы ацыд наукон-ахуырадон семинар «Основы деятельности сельскохозяйственных потребительских кооперативов». Сарæзтой йæ развæлгъау профессионалон цæттæдзинады центры бындурыл. Æрдзырдтой хъæууон-хæдзарады къабазы райрæзтыл æмæ кооперативтæ саразыныл. Кооперативты руаджы Цæгат Ирыстоны агропромышленнон куыстуæттæн фадат уыдзæн æнцондæрæй æмгуыст кæнын. Семинар ахæсдзæн дыууæ боны. Куысты хъомыс фæхуыздæр кæныныл дзурдзысты Мæскуы æмæ Амуры облæстæй специалисттæ. Фыццаг бон фæлтæрдджын фермертæ дзуапдæттæг министрады æмæ районты минæвæрттæн кæсдзысты лекцитæ. Семинар аразджытæ сæйраг хæс у республикæйы хæууон-хæдзарады рæзтыл бакусын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv