Саламаты Таймураз æрыздæхт сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатæй æмæ архайы фæсивæды патриотон хъомыл

Ды дæхи куыд равдисай, ахæм цæстæй кæсдзысты иннæтæм дæр. Ахæм ныхæстимæ Саламаты Таймуразæн радтой æфсæддон хорзæхтæ. Фыццаг хатт сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ куы бахаудтæн, уæд мын салдæттæ мæ ном дæр нæ зыдтой, дзуры нæлгоймаг. Фæлæ йæ зыдтой семæ сæрмагонд дæлхайæдты службæгæнæг кæй уыдзæн. Сæ ахастдзинад йæхиуыл æнкъардта, йæ алы фезмæлдмæ дæр ын кастысты. Уæд æй бамбæрста йæ хайады хицæндзинадæн стыр нысаниуæг, кæй ис, уый. Таймураз æй чысыл лæппуйæ зыдта, йæ фидæн адæмæн æххуысимæ кæй сбæтдзæн. Каст фæцис психологон-педагогон факультет, уый фæстæ ацыд æфсадмæ, райдыдта йæ уарзон спорты хуыз - къуххæсты хæцын. Фæстæмæ куы сыздæхт, уæд юридикон факультеты ацыд уæлæмхасæн курсытæ. Æвæццæгæн, мæ зæрдæмæ сæрмагонд уæлæдарæс фæцыд, худгæйæ дзуры Таймураз. Кусынмæ бацыд наркотикты æнæзакъон зилдухы ныхмæ тохы хайадмæ, фæстæдæр æй сæхгæдтой, уæд бахауд Мидхъуыддæгты министрадмæ. Фæлæ дзы бирæ нæ бафæстиат. Уырдыгæй йæ раивтой Уæрæсейы Гвардимæ. Сæрмагонд дæлхайæдты къорды 15 азы æнцон нæ рауадысты. Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ фыццаг командирæвкæйы фæстæ та цардмæ ног хуызы кæсы. Ахсджиаг цы у, уый уым бамбæрста, йæ сæрмæ нæмгуытæ куы тахтысты, уæд цард æмæ мæлæт æмрæнхъ уыдысты. Кæстæрты зæрдæты Фыдыбæстæмæ уарзондзинад бавæрын у нæ сæйраг хæс, дзуры Таймураз. Сывæллæттæ патриотты куыд схъомыл кæндзысты, сæхæдæг сæ фыды зæхх куы нæ уарзой, уæд? Ахæм хъуыдытимæ нæлгоймаг сси "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ" фонды минæвар. Ныр удуæлдайæ фæсивæдæн аразы алыхуызон мадзæлттæ, ерыстæ, марафонтæ. Æрæджы та саразтой республикæйы сæргълæууæджы кубок рамбулыныл эстафетæ. Цæттæ йæ кодтой 2 мæйы, æрхъуыды кодтой хæслæвæрдтæ. Спортивон мадзал рауад бæрзонд æмвæзадыл арæзт. Куыд рабæрæг, афтæмæй бирæ лæппуты фæнды ацы здæхты архайын. Таймуразы куы бафарстам, фæстаг рæстæг фылдæр цæуыл хъуыды кæны, зæгъгæ, уæд нын дзуапп радта: "мæ царды мæ фæнды исты хорз ракæнын". Кæд ын ныр фадат ис хорз фæсивæд хъомыл кæнын, уæд уыцы хъуыддагыл бæстон архайдзæн. Сæйрагдæр у, цæмæй кæстæртæ сæ райгуырæн зæхх уарзой, æмæ сæ уымæ разæнгард кæндзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
38 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии