Цæгат Ирыстоны колледжты байгом ног æрмадзтæ национ проект «Ахуырад» ы фæлгæты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Фидæны ирвæзынгæнджытæ, хæринаггæнджытæ, амайджытæ. Ныр алчидæр йæ дæсныйадыл ахуыр кæндзæн ног кусæнгæрзты руаджы. Алы дæсныйадæн дæр – нырыккон æрмадз. Ахæм гæнæнтæ фæзынд Елхотты æмæ Æрыдоны колледжты студенттæн. Сæ къухы бафтыдысты национ проект «Ахуырад»-ы фæрцы. Бæстыхæйттæ дзуапп дæттынц æппæт домæнтæн. Ацы фæсивæды цӕттӕ кæнынц æнæхъæлæджы уавæрты рӕстӕг æххуыс кæнынмӕ: зынгсирвæзт ма æруадзын, науæд аххуысын кæнын, æппынæдзух фыццæгты 'хсæн уæвын. Сæ размæ æвæрынц иунӕг хæс – «Цыфæндыйæ дæр фервæзын кæнын». Ӕрæджыйы онг сæ уавæртæ уыдысты хуыздæр кӕнинаг. Ахуыргæнæн гæрзтæ уыдысты заууат уавæры. Фидæны ирвæзынгæнджытæмæрмæст ног кусæнгæрзтæ нæй. Фарон колледж балхæдта ног трактортæ æмæ КамАЗтæ. Æрæджы та - 4 рог хæдтулгæйы. Семæ ма сæ цалцæг кæнынæн æппæт хъæугæ мигæнæнтæ дӕр. Студенттæм теорийы хуызы цы зонындзинæдтæ фӕзыны, уыдонæй практикæйы пайда кæнынц. Сцалцæг кодтой хæринаггæнджыты æмæ дзулфыцджыты æрмадзтæ. Ныр дæсныйад райсын уыдзæн æнцон æмæ æхсызгондæр. Æдæппæтæй Елхотты бирæвæрсыг колледжы сног кодтой 8 æрмадзы. Сæ бындурыл уыдзæн регионалон чемпионат WorldSkills æмæ профориентацион мадзæлттæ аразæн. Архайыны фадат дзы ис скъоладзаутæн дæр. Колледжмæ ма фидæнмæ ис ног фæндтæ. Сараздзысты дзы алыхуызон ерыстæм цæттæгæнæн сæрмагонд центртæ. Уый фæрцы регионы уыдзæн дæсны специалисттæ æмæ сæ продукци дæр уыдзæн хæрзхъæд. Ахæм ног гæнæнтæ ныридæгæн ис Æрыдоны аграрон-технологон колледжы. Ам дæр сцалцæг кодтой 8 æрмадзы. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй зæрдæ дары, æрыгон фæсивæд сӕ уæрæх гæнæнтæй кæй спайда кæндзӕн, ууыл. Алыбегты Эллæ ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы куыст кæндзысты дарддæр. Хæстæгдæр дыууæ азы регионы астæуккаг ахуырады уагдæтты сараздзысты 39 ног æрмадзы. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv