Боныхъæды аххосæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

Арвыкомы фæндагыл хæдтулгæты æппæт хуызтæн ацæуыны бар радтой. Дысон изæрæй фæндаг байгом кодтой рог æмæ уæзласæн хæдтулгæтæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы пресс-службæ. Цас рæстæг уыдзæн ацæуæн фæндагыл, уый бæрæг нæма у. Уавæр рæстæгæй-рæстæгмæ ивы. Фæндаг боны `мгъуыдмæ байгом кæнынц æмæ сæхгæнынц цалдæр хатты. Транскамы та уавæр нырма сæ хæрзтæй нæу. Ууыл нырма дæр нæй ахизæн. Хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр у æхгæд. Ивгъуыд къуыри боныхъæд кæй фæхъармдæр, уый аххосæй йыл зæйтæ рацыд. Бон раздæр дзы зæйтимæ тохгæнæг сæрмагонд службæтæ барæй рацæуын кодтой 30 мин кубометры мит. Ууыл зæйтæ къуырыны куыст фæцис. Абон райсомы 7 сахатыл техникæ ногæй рацыд фæндагмæ. Сыгъдæг æй кæнынц митæй. Ирвæзынгæнджыты суткæмæ кусын бахъæуы 14 сахаты. Уымæй уæлдай ма ахæм мадзæлттæ аразынц Ручъы тоннелмæ `ввахс дæр. Фæндаг нырма дæр уый тыххæй у æхгæд. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Транскам кæй нæ кусы, уый аххосæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цух æййафынц хойрæгтæ æмæ хостæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Боныхъæды аххосæй

Категория:

Новости и СМИ