Ирон «Нартиадæйы» азы фæлгæты Дзæуджыхъæуы ацыд æмдзæвгæтæ аив кæсынæй республикон æркаст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

29 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Ирон «Нартиадæйы» азы фæлгæты Дзæуджыхъæуы ацыд æмдзæвгæтæ аив кæсынæй республикон æркаст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

29 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

29 просмотров

3 года назад

70 архайæгæй фылдæр регионы æппæт районтæй æрбамбырд кодта аивкæсджыты æрвылазон республикон æркаст. Мадзал сарæзтой ирон «Нартиадæйы» азы фæлгæты. Йæ аразджытæ сты Цæгат Ирыстоны культурæйы министрад æмæ адæмон сфæлдыстады республикон хæдзар. Архайдтой дзы культурæйы хæдзæрттæ æмæ галуантæ, стæй хæдахуыр сфæлдыстадон къордты минæвæрттæ. Архайджыты дæсныйадæн аргъ кодтой профессионалон жюрийы уæнгтæ. Сæ асмæ гæсгæ сæ адих кодтой 3 къордыл. Номинацитæ та дзы уыд 2 - прозæ æмæ поэзи. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой культурæйы министрады 1-æм, 2-æм æмæ 3-æм къæпхæны дипломтæй. Æркаст аразджыты ныхæстæм гæсгæ, мадзалы сæйраг хæс уыд фæсивæды ирон национ культурæ æмæ Нарты кадджыты зонынадмæ сцымыдис кæнын.

, чтобы оставлять комментарии