Уæллаг Фыййагдоны скъолайы сбæрæг кодтой ахуыргæнæджы æппæтдунеон бон
Ахуыргæнæджы æппæтдунеон бон фæивгъуыдта, фæлæ бæрæгбоны фæдыл мадзæлттæ дарддæр цæуынц. Абон æй кадджын уавæры сбæрæг кодтой Фыййагдоны скъолайы дæр. Сывæллæттæ сæ ахуыргæнджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ. Кадджын уазджыты 'хсæн скъолайы ветерантæ. Уыдон бирæ азты сæ хъару æмæ зонындзинæдтæ не 'вгъау кодтой кæстæртæн. Сбуц сæ кодтой зарджытæ, фæндыры цагъд æмæ кæфтытæй. Балæвар сын кодтой дидинджыты бæстытæ. Бæрæгбонмæ ма саккаг кодтой республикæйы хицауады уæнгтæ дæр. Се 'хсæн дзуапдæттæг министрады минæвæрттæ, депутаттæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы советы Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко. Уый йæхæдæг каст фæцис ацы скъола. Къабазмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы кусджыты схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæй, республикæйы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразы номæй райстой бузныджы фыстæджытæ.