Мидхъуыддæгты министрад опертивон куыстæн хатдзæгтæ скодта

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Мидхъуыддæгты министрад опертивон куыстæн хатдзæгтæ скодта. Ивгъуыд аз цы бантыст, цавæр райхалинаг фарстатыл кусынц ныртæккæ æмæ ма хæстæгдæр рæстæг фылдæр æргом цæмæ аздахын хъæуы, ууыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта министрады разамонæг Михаил Скоков. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы Федералон Зылды Мидхъуыддæгты министрады разамынды хицау Сергей Бачурин, Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, Парламенты разамонæг Алексей Мачнев, стæй æхсæнадон æмæ тыхы структурæты минæвæрттæ. Ивгъуыд азы хатдзæгтыл æрдзырдта Михаил Скоков. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы барадон фæтк æмбæлгæ æмвæзадыл æххæстгонд æрцыд. Адæймаджы ныхмæ закъонхæлдтыты нымæц ивгъуыд аз фæкъаддæр 8%. Уымæй бирæ хатты фылдæр - 70% та фæкъаддæр сты адæймаджы ныхмæ тыхмиты цаутæ. Афтæмæй, ацы хъуыддаг уæлдай зæрдæхсаинаг уыд фæстаг 3 азы нæ республикæйы. Уæдæ цæстфæлдахджыты гæдымитæ дæр сарæх сты. Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæ нымæц 10% фæфылдæр. Нырыккон технологитимæ баст чи сты, уыцы цаутæ дæр канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма æгас бæстæйы дæр фылдæр кæнынц. 792 хъуыддажы, цæстфæлдахджытимæ баст, срегистраци кодта министрад Цæгат Ирыстоны. Закъонхæлдтытæ æргом кæныны куыст, æмткъæй райсгæйæ, Уæрæсейы хуыздæртæй иу у. Азмæ барадхъахъхъæнджытæн бантыст 5 мин закъонхæлдæй фылдæр рабæрæг кæнын. Ацы хъуыддаджы вазыгджын бынат ахсы наркотикты ныхмæ архайд. Зианхæссæг буаргъæдтæ чи парахат кодта, ахæм цаутæ рабæрæг кодтой минæй фылдæр. 898 адæймаджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддæгтæ. Терроризм æмæ экстремистон цаутæ ма руадзыны тыххæй, барадхъахъхъæнджытæ сарæзтой 1 мин æмæ 500 оперативон-сгарæн мадзалы. Пайда куыст кодтой фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæныны тыххæй. Рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладмæ дæр се*ргом здæхтой. Уый дын Æппæтадæмон Мысæн Вахтæ «Кавказский рубеж», фæсивæдон сменæ «Патриот» æмæ æндæртæ. Æрыгæтты хсæн ахæм мадзæлттæ ахсджиаг кæй сты, уый фæбæрæг кодта Парламенты сæрдар Алæксей Мачнев дæр. Йæ номыл министрад æрæджы барвыста официалон фыстæг, цæмæй депутаттæ æмхъæлæсæй снысан кæной «Снюс» кæй хонынц, уый ма парахат кæныны тыххæй закъоны проектыл. Парламенты сæрдар ныфс бавæрдта, сæ курдиаты фарс кæй рахæццысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мидхъуыддæгты министрад опертивон куыстæн хатдзæгтæ скодта

Категория:

Новости и СМИ