Дзæуджыхъæуы Базарадон экономикон техникумы сарæзтой ерыстæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Фыдæлты къахвæдтыл цæугæйæ. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты «Нарты Хъæзтыты» архайджытæ. Цæгат Ирыстоны фæсивæд æрымбырд сты сæ хъарутæ бавзарынмæ. Уыимæ ма спорты алы хуызты. Цымыдисаг уый у æмæ фестивалы архайджытæ æрмæст хъаруйæ нæ, фæлæ ма зондæй дæр хъуамæ тыхджын уой. Иттæг хорз зонгæ уой Нарты кадджыты таурæгътимæ æмæ нæ рагфыдæлты агъдæуттимæ. Хи хъарутæ бафæлварыны ерыстæй радыдтой Нарты хъæзтытæ. 10-гай адæймаджы алы къорды дæр, афтæ сæ адих кодтой. Алкæмæн дæр дзы фадат ис æрмæстдæр иу къæпхæны бацархайын. Ацы ран ерыс кæнынц армрестлертæ, физикон цæттæдзинадæй чи хуыздæр у, уый та фæлварынц мæнæ ам. Чидæр фылдæр уæзбарæнтæм арæхсы, чидæр та цырддæр архайы æндæр спортивон гарзтимæ. Сæйрагдæр у - хæслæврдтæ раст æххæст кæнын. Организатортæ сæхæдæг æрмæст физикон цæттæдзинадæн аргъ нæ кæнынц. Ацы ран алы къордæй дæр иу архайæг ацæудзæн сæрмагонд иртæстытæ. Хъуамæ дзуапп ратта 28 фарстæн, баст сты Нарты кадджыты таурæгътимæ. Уыимæ ма скъоладзаутæ нæ рагфыдæлты æгъдæуттæ хорз зонынц, æви нæ, уый сбæрæг кæндзысты. Ахуырдзаутæй иу - Плиты Давид ацы ерысты фыццаг хатт архайы, æмæ куыд цæуынц, уымæй разы у. Чочиты Валерий та хи хъарутæ фæлвары. Ерыс кæндзæн армрестлингы. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ ацы спорты хуызы рагæй фæндыди йæхи бафæлварын. Нырмæ та боксæй архайдта. Физикон цæттæдзинад кæм бæрæг кæныныц, ахæм ерыстæй уæлдай ма ацы фестивалы архайджытæ бацæттæ кодтой æндæр цымыдисаг конкурстæ. Зæгъгæм, хуыздæр бæгæны чи сфыцдзæн, кæнæ дзаджджындæр уæлибæхтæ чи скæндзæн. Уыимæ ма мадзалы архайджытæ хъуамæ бацæттæ кæной аивадон равдыстытæ. Сæ фылдæр сты ирон кæфтытæ. Хицæн æркаст - Хуыцаумæ раст кувын куыд хъæуы, уый. Нарты хъæзтытæ ныридæгæн сарæзтой 5-æм хатт. Йæ архайджытæ фылдæр- фылдæр кæнынц. Ерыстæ ацæудзысты майрæнбонмæ. Уæд алы бон дæр ахуырдзаутæ сæхи алыхуызон конкурсты фæлвардзысты. Æппæт ацы мадзæлттæ кæнынц иу сæйраг хъуыдыйы фæдыл цæугæйæ - ирон æгъдæуттæ зонын æмæ парахат кæнын. Нæ фыдæлтæй нæм цы баззад, уый цæмæй фæсивæд ма рох кæна. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы Базарадон экономикон техникумы сарæзтой ерыстæ

Категория:

Новости и СМИ