Æдасдзинадыл хъуыдыгæнгæйæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Кемеровойы цаутæ зæрдыл дарынц Цæгат Ирыстоны. Дзæуджыхъæуы базарадон центртæ басгæрстой, сбæлвырд кодтой зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæн дзуапп дæттынц æви нæ. Абон базарадон центр «Столица»-йы сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Æрцыдис дзы мæнг зынгсирвæзт. Кæй дзы фервæзын кодтой, уый радзурдзæн нæ уацхæссæг. Кинозалы – мæнг зынгсирвæзт. Киномæ кæсынц 50 адæймаджы. Иууылдæр фæдисы ратахтысты, фæлæ ма дзы 6-æй баззадысты. Сæ бон рацæуын не сси. ХЪуамæ сæ фервæзын кæной æнæнхъæлæджы уавæрты ирвæзынгæнджытæ. Иутæм бафтыдысты асинты руаджы, кæмæдæр та фæздæджы ныхмæ гамхудты. Æдæппæтæй ахуырты архайдтой техникæйы 23 иуæджы æмæ 87 адæймаджы: ирвæзынгæнджытæ, пъæлицæйæгтæ, тагъд æххуысы дохтыртæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады уæнгтæ æмæ энергетикæйы къабазы кусджытæ. Мæнг зынгсирвæзтæй æвæстиатæй рацæуын кодтой 400 адæймаджы. Фæлæ хъуыддаг бамбарæн ис. Ахæм ахуыртæ уæддæр пайда сты адæймаджы æдасдзинадæн æмæ æнæниздзинадæн дæр. Алы бон дæр ацы базарадон центрмæ æрбацæуы 7 мин адæймагæй фылдæр. Фардзинты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, бæстыхайы бирæ агъуыстытæ ис, бирæ фæзилæнтæ. Æмæ уый тыххæй ирвæзынгæнæн мадзæлттæ дæр хъуыдис цырд æмæ рæвдз бакæнын. Бантыст сын _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æдасдзинадыл хъуыдыгæнгæйæ

Категория:

Новости и СМИ