Фыдбылызæй хи бахизын
Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы уыдысты зынгсирвæзты рæстæг адæмы ирвæзынгæнæн ахуыртæ. Акци сарæзтой Промышленнон районы æнахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл службæйы инспектортæ æмæ зынгхуыссынгæнæн управленийы кусджытæ. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, фыццаг уæладзыджы ссыгъд сæйраг бахизæн. Специалисттæ сывæллæттæн скодтой æмбарынгæнæн куыст дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй æнæнхъæлæджы уавæр уæззау фæстиуджытæм ма сайа, уый тыххæй хъæуы бæлвырдгонд пъланмæ гæсгæ архайын. Акци скъоладзауты зæрдæмæ фæцыд. Куыд загътой, афтæмæй зынгсирвæзты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, уый сæ хъуамæ алчидæр зона. Хи бахъахъхъæныны ахуыртæ скъолайы арæзт æрцæуынц æрвылаз дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыдбылызæй хи бахизын
Категория:
Новости и СМИ