Æхснырсæг æмæ хуыфæджы профилактикæ
Нæ респубкæйы медицинон профилактикæйы центры специалисттæ сарæзтой акци. Йæ архайджытæн радзырдтой сæхи æмæ сæ хиуæтты æхснырсæгæй æмæ хуыфæгæй куыд бахъахъхъæнæн ис, уый тыхæй. Уазалты рæстæг уый уæлдай ахсджиаг у. Акцийы архайджытæн радтой диагностикæ лæвар ацæуыны бар. Специалисттæ сын сбæрæг кодтой сæ уæз, сбарстой туджы æлхъывдад. Сæрмагонд аппараты фæрцы та сбæрæг кодтой зæрдæйы, дадзинты æмæ нервыты системæйы уавæр. Æмæ аппараты бæрæггæнæнтæм гæсгæ дохтыртæ сбæрæг кодтой адæймагæн фæрынчын кæнынæй тас у æви нæ, уый. Уыимæ ма центры специалисттæ радзырдтой иммунитет куыд фæфидардæр кæнын хъæуы, уый тыххæй. Акцийы архайджытæ райстой æмбæлгæ фæдзæхстытæ, медицинон маскæтæ æмæ зæрдыл дарæн æрмæджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æхснырсæг æмæ хуыфæджы профилактикæ
Категория:
Новости и СМИ