Владикавказская уынджы 69-æм хæдзары 2-æм корпусы цæрджытæ сывæллæтты хъазæн фæз æмæ фæндаджы уавæрæ
Сывæллæтты хъазæн фæз быронæй нæ зыны, херытæ дæр - заууат уавæры. Къæвда бон фæндæгтыл нæ хæдтудгæтæн ис ахизæн, нæ фистæгæй цæуыджытæн. Ахæм зындзинæдтимæ ныр къорд рæстæг æмбæлынц Владикавказская уынджы 69-æм хæдзары цæрджытæ. Уавæр сæхи тыхтæй фæхуыздæр кæныныл архайынц, уæдæ дзуапдæттæг бæрнæдтæм дæр сидынц, фæлæ ницы. Къæвдабон ам фистæгæй цæуджытæн ацæуæн нæй. Алы ран дæр цъыф, доны малтæ, бырон. Ацы фæндагæн йæ иу фарс сывæллæтты 179-æм рæвдауæндон ис, иннæ фарс та Владикавказская уынджы 69-æм хæдзары 2-аг корпусы кæрт. Чысыл дарддæр та - скъола «Диалог». Æрвылбон ауылты цæуынц сабитæ æмæ хæдтулгæтæ, уый та æдас нæу. Дзырдæн, ам тротуар æмæ асфальт уæвгæ дæр никуы уыд. Цæрджытæ ацæуæн фæндагмæ сæхæдæг зылдысты. Ныртæккæ корпус æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны 'хсæн уадзынц газы хæтæлтæ. Фæндаг къахт у. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм куыстытæ ам фыццаг хатт нæ цæуынц. Уæдæ сывæллæтты хъазæн фæз дæр хорз уавæры нæй. Херытæ базæронд сты, сæ алыварс та быронæй нæ зыны. Раздæр адæм ам сæхæдæг æфснайдтой, фæлæ фарон бирæфатерон хæдзар разамынддæттæк куыстуат «ВЖЭК»-ы бæрнмæ радтой. Сæ хæстæ, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хорз не 'ххæст кæнынц. Разамындæттæг куыстуаты та фидарæй дзурынц, æппæт хъæугæ куыстытæ æххæстгонд цæуынц, зæгъгæ. Сывæллæтты хъазæн фæзы та бырон æндæр аххосæгты тыххæй сæвзæры. Разамындæттæг куыстуат бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæм сиды, цæмæй сæвзæрд фарстатыл иумæйагæй кусой æмæ æппæт лæггæдтæн афойнадыл фидой. Иннæ фарстатыл та куы дзурæм, уæд цæрджытæ фыстæджытæ æппæт бæрнæдтæм дæр арвыстой. «Курдиæттæм æркæсыны æмгъуыд дарддæргонд æрцыд» - ахæм у Дзæуджыхъæуы администрацийы дзуапп. Адæм та уал æнхъæлмæ кæсынц, уæдæ цы? Цæрджытæн сæхи тыхтæй уавæр фæхуыздæр кæнын сæ бон нæу.