Парламенты хатдзæгтæ
Бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг фиддонтæ конд æрцæудзысты электрон тыхы фиддонты номхыгъдмæ. Закъоны проект сфидар кодтой нæ республикæйы парламенты хатдзæгон æмбырды. Уыцы фарста адæмы рагæй тыхсын кæны. Ирыстойнæгтæ хъаст кæнынц, æнæзакъонæй сæ æхца астигъынмæ кæй хъавынц, уымæй. Закъонæвæрджытæ документ арвитдзысты Уæрæсейы паддзахадон Думæмæ. Ныхас ма дзы кодтой бюджетыл дæр. Куыд дзы радзырдтой, афтæмæй 2017-æм азы нæ республикæйы бюджеты æфтиæгтæ уыдысты 17 миллиард сомы бæрц. Уыимæ хæрдзтæ æфтиæгтæй фылдæр сты. Бюджеты 75% схардз кодтой ахуырадыл, æнæниздзинад хъахъхъæнынадыл æмæ социалон политикæйыл. Депутаттæ ивддзинæдтæ бахастой ног азы бюджетмæ дæр. Ирыстон дотацитæ райсдзæн 271 милуан сомы. Спайда сæ кæндзысты демографион политикæйыл æмæ национ-культурон рæзты фарстатыл. Мæнмæ гæсгæ, нæ бон зæгъын у, фидæны азмæ æнæ стыр финансон къуылымпыдзинæдтæй кæй бакъахдзæф кæндзыстæм, уый. Уымæй уæлдай ма сфидар кодтам æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды бюджет. Ныхас цæуы 7 миллиард сомæй фылдæрыл. Æмæ уый, æвæццæгæн, фæзындзæн нæ республикæйы алы цæрæгыл дæр. Алексей Мачнев - РСО-Аланийы парламенты сæрдар _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Парламенты хатдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ