Хицауады сæйраг хæс-адæмы æдасдзинад
Адæмы æдасдзинад – хицауады сæйраг хæс. Ууыл видеоконференцийы рæстæг дзырдта æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмæ зынгсирвæзты ныхмæ къамисы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Николай Литюк. Æмбырды архайдта республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Николай Лютикы ныхæстæм гæсгæ æххæстгæнæн оргæнты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон разамонджытæ се ргом фылдæр аздахын хъæуы адæмы æдасдзинадмæ. Сæрмагондæй ныхас цæуы æвæстиатæй хъусынгæнæн системæты уавæрыл. Видеоконференцийы ма æрдзырдтой тæссаг æрдзон уавæртæ рагацау чи рабæрæг кæны, ахæм ног æрхъуыдыдзинæдтыл. Цæгат Кавказы регионтæн уый уæлдай вазыгджын у. Ахыргæндты ног æрхъуыдызинæдтæ баххуыс кæндзысты æнæхъæлæджы цауты фæстиуджытæ фæкъаддæр кæнынæнæн. Тускъаты Таймураз бахæс кодта æдасдзинады иумæйаг программæ сæххæст кæнынæн бæлвырд мадзæлттæ саразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хицауады сæйраг хæс-адæмы æдасдзинад
Категория:
Новости и СМИ