Дзæуджыхъæуы скъолаты ацыдысты номарæн мадзæлттæ
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон адæмы геноциды иумæйаг мысæн боны фæдыл Дзæуджыхъæуы скъолаты ацыдысты номарæн мадзæлттæ. Æгас бæстæйыл сæ саразынц ныр æртыккаг аз. Акцийы архайдтой 8 милуан скъоладзауæй фылдæр. Уæрæсейы рухстауыны министрад ацы аз фыццаг хатт бахаста «Без срока давности», зæгъгæ, темæ. Уый информацион-рухстауæн урок «Разговоры о важном»-ы фæлгæты. Ацы бон ма бафыстой фæлтæрты хъомыладон куысты пъланмæ. Сæйрагдæр у советон хуымæтæг адæмы ныхмæ нацистты фыдракæндты тыххæй историйы рæстдзинад бахъахъхъæнын.