Фыццæгтæ суæвыныл
58-æм æфсады сарæзтой командыгæнæджы кубок рамбулыныл ерыстæ æрмхæстæй. Æфсæддонтæ тохы бацыдысты кæрæдзийы `хсæн æмæ ерыс кодтой командæты хуызы. Сæ сæйраг хæс – тыхджындæрты равзарын æмæ сæ спартакиадæмæ бацæттæ кæнын. Æфсæддонты `хсæн спартакиадæ цæудзæн июны. Ахæм егъау чемпионат æфсæддонтæн сарæзтой фыццаг хатт. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ 58-æм æфсады æрмхæст у спорты æнæмæнг дисциплинæтæн сæ иу. Турнир аразджыты ныхæстæм гæсгæ, абоны хуызæн ерыстæ ма расиддзысты спорты æндæр хуызты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыццæгтæ суæвыныл
Категория:
Новости и СМИ