Дзæгъæл куыйтæ
Куыдз, дам, хæцаг йе `взæр царды уавæртæй свæййы... Цæвиттон, афтæ арæх вæййы. Фæлæ хатгай иуæй-иу куыдзы цæстытæм бакæсгæйæ дзы уый бæрц зонд æмæ æмбарындзинад фендзынæ, æмæ адæймаг дисы бафты. Куыд æмæ кæй бон баци ахæм цæрæгой хæдзарæй расурын. Къæбылайæ йæ хицæуттæм хорз куы каст, хъазынæй дзы куы нæ æфсæстысты, уæд фæстагмæ цы кодтой. Нæ йæ зонæм мах дæр, адæм сæ хæдзарон цæрæгойтыл цæмæн фестырзæрдæ вæййынц, уый. Азæй-азмæ дзæгъæл куыйты, гæдыты æмæ æндæр цæрæгойты нымæц кæны фылдæр. Бирæ аххоссæгтæ ссарæн ис уымæн. Фæлæ сæйрагдæр сты адæм. Растддæр зæгъгæйæ та, сæ зæрдæты ахасты раив-баив. Куыдз Доки ам цæры 4 мæйы. Уыцы `мгъуыдмæ йын йæ къахыл скодтой цалдæр операцийы. Уыд дзы æвзæр низы рæсыд. Ныр ын Мæскуыйы хъуамæ скæной сдзæбæх кæныны курс. Хъыгагæн, Доки иунæн рынчын нæу. Дзæгъæл куыйты кæм дарынц, уыцы бæстыхайы æрцæрын кодтой рынчын цæрæгойтæ. Алкæйдæр сæ бархионтæ ссардтой уынджы, низæй сæйгæйæ. Фæлæ фæлмæн æмæ тæригъæдгæнаг зæрдæйы хицæуттæ сæ рæзты нæ ацыдысты. Æрбахастой сæ, базылдысты сæм. «Хорз бæрæггæнæнтæ нын нæ тыхыл тыæ æфтауынц. Уынджы исты цæф, кæнæ дзæгъæл цæрæгойы куы фенæн, уæд йæ рæзты ацæуын нæ бон нæу. Хъыгагæн, бирæтæ та афтæ сты. Афтæ сæм кæсы æмæ дзæгæл куыдзæн сосискæ куы ратты, уæд сæм афтæ кæсы æмæ тынг стыр хъуыддаг сарæзтой. Уый дæр хорз хорз у. Фæлæ фаг нæу. мах нæ размæ æвæрæм хæс, æрмæст сын бахæрын кæнын нæ, фæлæ ма сæ сдзæбæх кæнын, сæ хæдзар куыд ссарой, ууыл бакусын», — загъта бархион Яна Рогачева. Янæ æмæ иннæ бархионтæ ныр 6 мæйæ фылдæр æххуыс кæнынц уæззау рынчын цæрæгойтæн. Дзæбæх та сæ кæнынц зæрдæхæлар адæм цы æхца æрæмбырд кæнынц, уыцы фæрæзтæй. Специалисттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй дзæгъæл куыйты фарста республикæйы ахсджиаг у. Алы дыккаг куыдзы кæнæ хæдзарæй расырдтой, кæнæ та райгуырд хæдзарон куыдзæн. Уымæн та схосгæнæн ис фосы дохтырты `ххуысæй. «Куыд нæм кæсы, афтæмæй уавæр ивынæн ис æрмæстдæр иу хос - цæрæгойты стерилизаци кæнын. Тынг бирæ сты ахæм хуызы кæмæ нæ базылдысты, ахæм цæрæгойтæ. Цыфæнды ветеринарон клиникæмæ куы бадзурат, уæд уын алы дохтыр дæр зæгъдзæн — старилизацигонд цæрæгой 2-3 азы фылдæр цæры. Уый та хорз у», — загъта бархион Плиты Зæлинæ. Цæгат Ирыстоны кусы куыйты кæм дарынц, ахæм паддзахадон приют дæр. Бынæттæ дзы ис 150. Фæлæ фаг не сты. Нæ фаг кæнынц фæрæзтæ дæр. Ацы аз паддзадон приютæн регионалон бюджетæй радих кодтой 1 млн 800 мин сомы. Дыдарты Æхсарбег — Дзæуыджыхъуы администрацийы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады комитеты сæрдар: «Абон приюты уавæртæ, цы уыдысты, уымæй дзæвгар хуыздæр сты. Самал сын кодтам хæрианг дæр æмæ сæ æххормаг ничи у. Приюты ис ветеринар дæр. Кæсы æмæ бæрæг кæны цæрæгойты уавæр, сæ æнæниздзинад, куы бахъæуы, уæд сæ сдзæбæх кæны. ПРиютмæ ис æрмæст иу уайдзæф — се ппæты фаг нæ кæны, уымæ гæсгæ домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Фæлæ ууыл дæр бакусдзыстæм». Бæрнон кусджыты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, фæнд кæнынц 400 куыдзæн ног приют саразын. Дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн æмæ стандарттæн. Фæлæ ис иу фиппаинаг. Аразын æй райдайдзысты фидæн аз. Уæдмæ та алкæй бон дæр у дзæгъæ цæрæгойтæн баххуыс кæнын. Зынæй дæр дзы ницы ис. Æхцайæ баххуыс кæныны кой нæ кæнæм. Фыццаджыдæр, йæ хæдзармæ цæрæгой чи райсы, кæнæ æрбахæссы, уый йæ хъуамæ йе `вджид бакæна. Ивгъуыд æнусты ма Сент-Экзюпери фыста, кæй сæрмахуыр кæнай, уымæн хъуамæ дзуапп дæттай. Æгомыг цæрæгойтæ кæд бирæтæй зондджындæр вæййынц, уæддæр сæ бон нæу сæ хицæутты зæрдæхæлардзинадыл сахуыр кæнын. Хъыгагæн... _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæгъæл куыйтæ
Категория:
Новости и СМИ